Женевæйаг Æхсæнадæмон Дискусситы Æмсæрдæртты Цхинвалмæ æрцыды фæстæ Гуырдзыстоны цы хъаугъа сæвзæрд, уый æфтауы дисы æмæ æвзæрын кæны фыдæнхъæлц Хуссар Ирыстонмæ ахасты Гуырдзыстоны политикæ цы приоритеттыл бындуриуæг кæны, уымæ. Ацы хатт та Тбилисы сæвзæрд, бамбарæн кæмæн нæй, ахæм карз реакци, Женевæйаг Æхсæнадæмон Дискусситы Европæйаг Цæдисæй Æмсæрдар г-н Герберт Зальберг фембæлды рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анантолийæн кæй раарфæ кодта йæ ног бынаты куысты райдианы охыл, уый тыххæй. Г-н Зальбергы дипломатон уæздандзинад Гуырдзыстоны банымадтой сæ интересты гадзрахатдзинадыл Европæйаг Цæдисы æрдыгæй.
Æмбæрстгонд у, Гуырдзыстоны цы истерикæ райтынг, уымæн кæй ис конкретон политикон нысантæ, уый. Гуырдзыстон æнæсæттонæй æвдисы, цы геополитикон реалитæ сæвзæрд, уыдон категорион æгъдауæй кæй нæ исы, уый æмæ йæ зæрды кæй ис, ныппырх æввонг чи у, уыцы пропагандон проект «гуырдзиаг территориты оккупаци»-йы сæрыл кæронмæ хæцын. Фæлæ Гуырдзыстоны æгæр-æгæр пайда кæнын райдыдтой, сæ интерестæ сын цæмæй æхсæнадæмон аренæйыл нымайой, уый домындзинæдтæй. Адæттæ домынц, æхсæны организацитæй дæр, кæцытæ хъуамæ уой иухуызон дард æмæ нейтралон гуырдзиаг-ирон ахастытæ бæстон кæныны процессы.
Официалон Тбилис йæхи куыд дары, уый дунеон æмæхсæнадæн у бæрæг æвдисæн Хуссар Ирыстонимæ конструктивон диалогмæ Гуырдзыстон куыд у цæттæ, уый тыххæй объективон хъуыды сæвзæрынæн. Женевæйаг дискусситы гуырдзыстойнаг хайадисджыты ахæм ахаст ныр бирæ рæстæджы дæргъу у, тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл бакусын æмæ йæ райсыны æмæ регионы фидар æдасдзинады системæ саразыны ныхмæ чи лæууы, уыцы сæйраг ныхдур.
Цхинвал, 2017 азы 19 май