Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл Советы ист резолюци «Гуырдзыстонимæ æмгуыстад»-ы тыххæй

24 марты Женевæйы уагъд ИНО-йы Адæймаджы барты фæдыл Советы 34 сессийыл ист æрцыд резолюци «Гуырдзыстонимæ æмгуыстад», цыран æвдыст æрцыд æнæбындур тыхстдзинад «Хуссар Ирыстоны адæймаджы барты уавæр æмæ гуманитарон уавæры» фæдыл, æмæ ма йæ территоримæ кæй нæй æхсæнадæмон цæстдарджытæн бацæуыны фадат, уый тыххæй. Документ бацæттæ кодта æмæ йæ хъæлæсæппæрстмæ бахаста Гуырдзыстон.

Ацы резолюцийы бындурыл ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл Уæлдæр Комиссары Управлени Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ æрбарвыста сидт, цыран ис Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ УВКПЧ-йы минæвæртты æрбауадзыны домæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл Уæлдæр Комиссары Управленимæ арвыста æмбæлон фыстæг, цыран, сæрмагондæй, дзырдæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстон бирæ хатт загъта протесттæ, Гуырдзыстон иуварсонæй кæй хæссы Женевæйаг дискусситы мандатмæ хауæг проблемæтæ æндæр æхсæнадæмон фæзуæттæм, уый фæдыл. Уыдон нымæцы ИНО-мæ, цыран нæдæр Республикæ Хуссар Ирыстон ис, нæдæр Республикæ Абхаз. Ахæм практикæ æхсæнадæмон æмæхсæнадæн исы хъуыддæгтæ æцæг куыд сты, уый тыххæй объективон æмæ раст информаци зоныны бар. Алыхуызон æхсæнадæмон организациты аккредитаци кæмæн ис, Гуырдзыстоны ахæм минæвæртты демонстративон активондзинад æмæ сæ архайд Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ ныридæгæн æркодтой Женевæйаг дискусситы лигъдæтты проблемæтыл дзырд кæй нал цæуы, уымæ. Ахæм политикæ дарддæргонд куы цæуа, уæд гæнæн ис æмæ æркæна Женевæйаг дискусситы форматы фехæлдмæ æмæ бынтондæр сæхгæна Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастытæ æрбæстон кæныны фæндæгтæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон нæу ИНО-йы уæнг æмæ йыл йæ резолюцитæ æххæст кæныны хæс нæй.

Растдæр афтæ Республикæ Хуссар Ирыстон нæу Гуырдзыстоны хай дæр. Республикæ Хуссар Ирыстон у суверенон хæдбар паддзахад, кæцы ныр 25 азы дæргъы уæвы демократи æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæныны принципты бындурыл æхсæнадæмон барады иумæйагæй нымад нормæтæм гæсгæ. Ацы фактæн æнæнымайгæ нæй, куыдфæнды ма архайа æхсæнадæмон æмæхсæнад Гуырдзыстоны политикон интерестæн къух радтын, уæддæр, уымæн æмæ уый архайы алы æхсæнадæмон фæзуатыл дæр регионы реалон уавæр зыгъуыммæйæ равдисыныл.

Республикæ Хуссар Ирыстон никуы уыд официалон контакттæ æмæ æхсæнадæмон организацитимæ æмгуыстады ныхмæ, уыдон нымæцы ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл Уæлдæр Комиссары Управлениимæ дæр. Уымæй уæлдай, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад бирæ хатт рахаста хъæуæг контакттæ саразыны тыххæй фæндон. Фæлæ уыцы æмгуыстад урæд цæуы растдæр æхсæнадæмон организациты æрдыгæй, кæцытæ цæмæдæр гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстон нымайынц Гуырдзыстоны хайыл æмæ Хуссар Ирыстонимæ контакттæ уынынц æрмæстдæр Гуырдзыстоны хицауадимæ æмархайды контексты, уый та бынтондæр æруадзинаг нæу.

Республикæ Хуссар Ирыстоны райсиккой ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл Уæлдæр Комиссары Управленийы минæвæртты, цæмæй æрдзурой фидæны æмгуыстадыл. Фæлæ уæд хъуамæ уа иумæйаг æхсæнадæмон нормæты бындурыл арæзт æмбæлон куырдиат æмæ æрвыст æрцæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады адресыл æмæ дзы хъуамæ æвдыст уа, уæвæг уавæр хынцгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенитетмæ цытджын ахаст.

 

Цхинвал, 2017 азы 19 апрель

 

19.04.2017