Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн

20 майы æрвылаз Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц «Гуырдзиаг агрессийы амæттæгты мысæн бон». Ацы бон 25 азы размæ ирон хъæу Зармæ æввахс фæндагыл Гуырдзыстоны хотыхджын æфсад бакодтой æвирхъау фыдракæнд. Фæсфæдæй комкоммæ æхст æрцыд Хуссар Ирæй Цæгатмæ цæуæг лигъдæтты колоннæ. Ацы фыдракæнды фæстиуæгæн бабын 33 адæймаджы – сæ фылдæр сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, 20 адæймаджы бæрц райстой уæззау цæфтæ.

Уый уыцы азты гуырдзиаг националистты фыццаг фыдракæнд нæ уыд – уыдис хæдзæртты сыгъд, удæгасæй ныгæд æмæ фыдмитæй мард адæм, фæлæ 1992 азы 20 май сси Хуссар Ирыстоны историйы иууыл тугæйдзагдæр бон.

Ацы æвирхъау фыдракæнды тыххæй абоны онг йæ ных никæмæн бакъуыдæуыди, не ‘рцыдысты æфхæрд Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæг кæнынмæ здæхт иннæ ахæм архайдтытæ дæр. Гуырдзыстоны хицауад уæд сомытæ фæкодтой, фыдгæнджыты кæй бафхæрдзысты, уымæй, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, гуырдзиаг барадхъахъхъæнæг оргæнтæ фæлваргæ дæр нæ бакодтой ацы уæззау фыдракæнды организаторты æмæ æххæстгæнджыты ссарын.

Гуырдзиаг шовинисттæ Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ цы æвастбар митæ кæнынц, уыдон нæ фæиппæрд кодтой нæ адæмы тырнындзинадæй нæ историон хъысмæт бархийæ сбæрæг кæнынмæ, сæрибардзинадмæ æмæ ирон адæмы иудзинадмæ Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссары. Хуссар Ирыстон лæгдзинад æмæ хъайтардзинадæй дзаг фæндагыл рацыд æмæ 2008 азы Гуырдзыстоны радон агрессийы фæстæ æрцыд йæ хæдбардзинадмæ.

Ацы хъыджы бон мысæм 1920-21, 1991-92 æмæ 2008 азты гуырдзиаг националистон къухдариуæгад ирон адæмæн цы геноцид расидт, уый фæстиуæгæн бабынуæвæг адæмы.

Мысыны æмæ фыдохы бон нын нæ зæрдыл лæууын кæны, цы æнахуыр стыр аргъ бафыстой ирон адæм сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд, сæ кад æмæ намыс бахъахъхъæнгæйæ тохы уæззау азты дæргъы.

Хуссар Ирыстон та ногæй сиды дунеон æмæхсæнадмæ Кавказы сарыбар æмæ стабилондзинад цæмæй уа, уый тыххæй гуырдзиаг хицауадæн тæрхон рахæссын æмæ сæ бæрндзинадмæ æркæнын, уымæн æмæ уыдон сты аххосджын сабырад æмæ адæймагдзинады ныхмæ фыдракæндты.

Цхинвал, 2017 азы 19 май

 

21.05.2017