Куыд рабæрæг ис, афтæмæй 3 майы Европæйы Цæдисы Министрты Комитет (ЕЦМК) йæ боны фæткы æвæрд фарста «Европæйы Цæдис æмæ конфликт Гуырдзыстоны»-йы фæдыл райста ахæм абсурдон уынаффæ, кæцымæ гæсгæ Уæрæсе æнæнхъæлæджы сси гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг конфликты фарсытæй иу, æмæ, зæгъгæ, хъуамæ хæсса æхсæнадæмон-барадон бæрндзинад цы «æнæгъдау митæ» дзы цæуы, уыдон тыххæй. Уымæй дарддæр ма, АИШ-ы президент йæ къух æрфыста АИШ-ы федералон бюджетыл 2017 азмæ, цыран фыст æрцыдысты пункттæ Гуырдзыстоны «территориалон иудзинады» тыххæй æмæ цыран комкоммæ дзырдæуы, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад цы бæстæтæ банымайой, уыдоны цыфæнды æххуысæй дæр сцух кæныны тыххæй.
Æрæджы æрцæугæ историон фактты фальсификацийы фæлвæрдтытæ нымайæм цинизмыл, æмæ ориентирты ахæм хуызы æрзылдæн дæр æруадзæн нæй. Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ цы хотыхджын агресси расидт, æмæ кæцыйы кульминацитæ систы 1992, 2004 æмæ 2008 азты трагикон цаутæ, уым Уæрæсе ницы хуызы уыд конфликты фарс. Хъыгагæн хъуамæ банысан кæнæм, Европæйы Цæдис йæ уынаффæтæ кæй райдыдта исын гуырдзиаг калькæмæ гæсгæ, æмæ уыдон та сты реалондзинадæй бынтон иппæрд.
Гуырдзыстоны «территориалон иудзинад»-ы сæрыл хæцгæйæ, ныгуылæйнаг куратортæ хъуамæ бæстонæй бамбарой, 1990 азы Гуырдзыстоны Уæлдæр Совет иуварсон æгъдауæй кæй аивта, Гуырдзыстоны 1921 азæй фæстæмæ ист закъæттæ се’ппæт дæр, уыдоны æхсæн «ГССР-ы сконды Хуссар-Ирыстойнаг Автономон облæст саразыны тыххæй Декрет» - иунæг барадон документ, кæцыйы бындурыл Хуссар Ирыстон нымад цыд Гуырдзыстоны ССР-ы хайыл. Республикæ Хуссар Ирыстоны равзæрд æмæ йæ барадон формæкæнынад æрцыдысты ныры гуырдзиаг паддзахады æхсæнадæмон банымады агъоммæ, æмæ йæ ИНО-мæ райсыны агъоммæ. Æмæ уæдæ ныры Гуырдзыстоны территориалон иудзинадмæ Республикæ Хуссар Ирыстон ницы ахаст дары.
Вашингтон æмæ Брюсселы хъуамæ хынцой, Гуырдзыстон 2008 азы хæсты саст кæй баййæфта, æмæ уый фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз официалонæй нымад кæй æрцыдысты суверенон паддзахадтыл, уый нæ аиуварс кодта Гуырдзыстоны реваншистон фæндтæ. Ныгуылæны æххуыс гæнæн ис æмæ расайа Гуырдзыстоны ног агрессивон архайдтытæ сыхаг паддзахадты ныхмæ.
Фæндид нæ ныфс дарын, ныгуылæйнаг коллегæтæ, регионы тыхты вазыгджын равæрд хынцгæйæ, ноджыдæр иу хатт кæй саргъ кæндзысты уавæрæн æмæ кæй нал æруадздзысты Гуырдзыстоны политикон амбициты охыл æнæрхъуыды архайдтытæ. Уый у тæссаг Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы процесс фехалынæй, æмæ уыцы процесс та у иунæг æхсæнадæмон формат, цыран æххæстбæрцæй ныхас цæуы регионы стабилондзинады фарстатыл.
Цхинвал, 2017 азы 8 май