Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

16 майы Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. кусæгон фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы радон раунды агъоммæ.

Фембæлды рæстæджы бæстонæй æрдзырдæуыд 20-21 июнмæ снысангод Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы ныхас цы проблемæтыл хъуамæ цæуа, уыдоныл. Женевæйаг дискусситы сæйраг фарстайæ зайы бакуыст юридикон тых кæмæн уыдзæн, ахæм дыууæварсон документыл Гуырдзыстоны æрдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл.

Сæрмагонд хъусдард здæхт уыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæныл æдасдзинады ситуацимæ æмæ уыимæ баст паддзахадон арæны фехæлдтæм Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдыгæй, кæцыты æрцахст гуырдзиаг хицауад хоны «адавд» æмæ «адæймаджы барты фехæлд».

Хуссарирыстойнаг фарс бахахх кодта, уый афтæ кæй нæу, уый æмæ æцæгæй та у гуырдзиаг фарсы кæй нæ фæнды РХИ паддзахадон арæны Гуырдзыстоны æрдыгæй территорийы цæрджытимæ паддзахадон арæныл хизын фæдыл информацион куыст кæнын, уый фæстиуæг. Æмæ ма гуырдзиаг фарсы кæй нæ фæнды иумæйагæй паддзахадон арæны делимитацимæ æрæвналын, уый дæр.

Женевæйаг дискусситы хайадисджытæ банысан кодтой арæнгæрон Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ рæстæгыл аиуварс кæныны механизмы (МПРИ) фадыджы регулярон æмæ эффективон куысты позитивон нысаниуæг, кæцы у регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинады æнæбайсгæ элемент.

Хуссарирыстойнаг фарс Æмсæрдæртты хъусдард аздæхта гуырдзиаг хицауады политикæйы тенденцимæ, цыран Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз æвдыст цæуынц зыгъуммæгондæй æмæ архайынц, цæмæй ацы бæстæтæ уой æхсæнадæмон изоляйы, уый тыххæй та сæ политикон нысантæн æмæ пропагандæйы охыл пайда кæнынц алыхуызон æхсæнадæмон фæзуæттæй, цыран нæ вæййынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз.

Банысангонд ма æрцыд, европæйаг структурæтæ кæй кæсынц Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны цæстæнгасæй, кæцы иттæг дард у адæймаджы бартыл реалон тыхстдзинадæй. Уымæ гæсгæ европæйæгтæ саразынц бынтон æнæбындур æмæ æцæгдзинадæй иппæрд хатдзæгтæ, кæцытæ конструктивон диалогæн ахъаз не сты æмæ уый та хъыгдарæг Женевæйаг процессы позитивон цыдæн.
Серьезон хъусдард здæхт уыд гуманитарон тематикæмæ, фыццаджыдæр РХИ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты агурыны фарстатæм.

Уыцы бон ма Женевæйаг дискусситы Æмсæрдæртты йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты А.И.

Æмсæрдæрттæ ма æрзонгæгæнæн балцы уыдысты Республикæйы Цхинвалы районы, цыран бацыдысты Тиры моладзандонмæ.

Цхинвал, 2017 азы 16 май

 

17.05.2017