Æртхъирæны мæйы 11-æм бон Цхинвалы ацыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ Æмсæрдæрттимæ.
Фембæлды дзырд цыд дыууæ кусæгон къорды – ацы азы тæргæйтты мæйы 4-5 бонтæм снысангонд Дискусситы 63-æм раунды æдасдзинад æмæ гуманитарон проблематикæйы фæдыл.
Хайадисджытӕ сфидар кодтой дискусситы сӕйраг нысан – регионы фидар ӕдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъӕнын.