2024 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фæсарæйнаг уагдæттимæ иумæ реализаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй снысангонд бæстæйы æддагполитикон курс, æмæ хæслæвæрдтæм гæсгæ, дарддæр кодта Хуссар Ирыстоны интерестæ æхсæнадæмон аренæйы хъахъхъæнын æмæ размæ кæнын, Хуссар Ирыстонæн дипломатон ахастытæ цы паддзахадтимæ ис, уыдонимæ æмгуыстад фидар кæнын, афтæмæй ма æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фæдыл куыст.
Министрад хайад иста Республикæ Хуссар Ирыстонмæ фæсарæйнаг делегациты балцыты æмæ хуссарирыстойнаг делегациты балцыты фæсарæйнаг бæстæтæм бацæттæ æмæ ауадзыны куысты, уагъта консулон куыст Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Республикæйы æдде чи ис, уыдон фарстытæ скъуыддзаг кæныны фæдыл.
ÆДДАГОН ПОЛИТИКÆ
Уæрæсе
Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы сæйраг здæхт уыдис æмæ у Уæрæсейы Федерациимæ хæларадон ахастыты æмæ интеграцион бастдзинæдты райрæзт, размæдзыд.
УФ-йы Президент æмæ æмтгæй райсгæйæ Уæрæсейы къухдариуæгадимæ æдзухон бастдзинæдты ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан. Азы дæргъы дыууæ бæстæйы сæргълæуджыты ‘хсæн ацыд цалдæр хатты телефонæй ныхас.
Дунейы хæстон-политикон æндыгъддзинады уавæры Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федераци у йе ‘дасдзинад бахъахъхъæныны иунæг гарант æмæ йæ сæйраг стратегион партнеримæ дарддæр ахастытæ фидар кæндзæн.
Уæрæсе æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны райрæзтæн суверенон демократон паддзахады хуызы, ахъаз у йе ‘дасдзинадæн, социалон-экономикон райрæзтæн.
Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæ арæзт сты фидар бадзырдон-барадон бындурыл, кæцыйы ис 140 дывæрсон документæй фылдæр æмæ æххæссынц æмархайды алы фадыгыл дæр. Уымæ ‘нæкæсгæйæ, бадзырдон-барадон бындур хуыздæр кæныны фæдыл куыст дарддæр цæуы.
Сæрмагондæй, ацæугæ азы уæрæсейаг фарсимæ бафыстгонд æрцыдысты 9 дывæрсон документы алыхуызон æмвæзадыл, ратификацигонд æрцыд хæстон-техникон æмгуыстады размæдзыды фæдыл Уæрæсейы Федерациимæ бадзырд. Активонæй размæ цæуы нормативон-барадон æмархайд Уæрæсейы субъекттимæ дæр.
Ахсджиаг систы тæргæйтты мæйы 15-17-æм бонты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстытæ, кæцыты хайад райстой Уæрæсейы æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны чи цæры, науæд хъæлæс кæныны бон йæ территорийыл чи уыд, уыдон дæр. Хуссар Ирыстоны баконд ис дыууадæс æвзарæн фадыджы, сæ иу – уæрæсейаг æфсæддонтæн. Хъæлæс кæныны процесс сорганизаци кодта Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Хуссар Ирыстоны. Республикæйы хицауад æппæт уавæртæ дæр сарæзта, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Æвзарджыты 97% раттой сæ хъæлæстæ Владимир Путинæн.
2024-2025 азтæм Консультациты пъланы фæлгæтты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон уагдæтты ‘хсæн ис æнгом æхсæнуагдонон бастдзинад, æддагон политикæ, дывæрсон, регионалон æмæ æхсæнадæмон боны фæткы фарстаты фæдыл цæуы координаци.
Хъæуы банысан кæнын кæфты мæйы 4-æм бон Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд, кæцыйыл æрдзырдæуыд дывæрсон ахастыты фæдыл фарстатыл. Фембæлды рæстæджы уæлдай хахх æрцыд, 2008 азы Хуссар Ирыстоны суверенитет æмæ хæдбардзинад банымайыны фæдыл уæрæсейаг къухдариуæгады уынаффæйæн фæивæн кæй нæй.
Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг политикон ахастыты фæдыл æрдзырдæуыд тæргæйтты мæйы 21-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Михаил Галузины фембæлды рæстæджы.
Хъæуы банысан кæнын Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы дипломатон минæварады æххуыс Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн. Афтæмæй ма Мæскуыйы ахсджиаг куыст кæны хуссарирыстойнаг минæварад, ахъаз у культурон æмæ гуманитарон проектты размæдзыдæн.
Кæфты мæйы сæххæст цыппар азы Хуссар. Ирыстоны базарадон минæварад Уæрæсейы куы сфидаргонд, ууыл. Уыцы рæстæгмæ минæварад сарæзта уæзгæ къахдзæфтæ базарад-экономикон бастдзинæдтæ сфидар кæныны хъуыддаджы.
Æмархайды райрæзтæн ахъаз уыд РХИ-йы делегациты хайадист Петербурджы XXVII æхсæнадæмон экономикон форум æмæ Грозныйы Кавказаг инвестицион форумы, кæцытæ ацыдысты 2024 азы сæрды. Æртхъирæны мæйы хуссарирыстойнаг продукци уыд æхсæнадæмон форум «Продэкспо-24»-йы.
Цадæггай размæ цæуы Хуссар Ирыстоны æмгуыстад уæрæсейаг регионтимæ. Джеоргуыбайы мæйы кæрон Симферополы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Республикæ Хъырымы Сæргълæууæг Сергей Аксеновы фембæлд, кæцыйы рæстæджы æрдзырдæуыд дывæрсон æмгуыстады актуалон фарстатыл. Чысыл раздæр, æртхъирæны мæйы Симферополы ацыд Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Республикæ Хъырымы Министрты советы ‘хсæн бадзырды реализацийы фæдыл Иумæйаг кусæгон къорды фыццаг рабадт.
Хъырымимæ æмгуыстады ахсджиаг фæзуат ма у Ялтæйы æрвылазон æхсæнадæмон форум. Джеоргуыбайы мæйы 6-æм бон Форумы фæлгæтты Мæскуыйы ацыд пленарон рабадт «Хъырым – Уæрæсейы форпост раст дунеарæзтады фæдыл тохы». Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Минæвæрттæ.
2025 азы майрæмты мæйы кæрон – рухæны мæйы райдианы Хъырымы уагъд æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ. Хайад дзы райсдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды Паддзахадон ансамбль «Симд».
Хуссар Ирыстон цæттæ у дарддæры бастдзинæдтæм Хъырымимæ, кæцытæн ис æвæрццаг размæдзыд. Ууыл дзурæг сты алыхуызон æмвæзадыл ахастытæ, кæцытæ цæуынц дывæрсон барадон документтæй.
2024 азы сæххæст 10 азы Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхты æмæ 10 азы «Хъырымы уалдзæджы» цаутыл. 2014 азы тæргæйтты мæйы 16-æм боны Хъырымы Автономон Республикæ æмæ сахар Севастополы ацæугæ æппæтхъырымон референдумы хатдзæгтæ, æнæдызæрдыгæй, систы историон рæстдзинад сног кæнынæн ахсджиаг акт. Референдумы æхсæнадæмон барад æмæ ИНО-йы Уставы нормæтæм гæсгæ, Хъырымы цæрджытæ уыдысты Уæрæсейы Федерацийы субъекты хуызы Уæрæсемæ æрбаиу кæныны ‘вварс.
Хуымгæнæны мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хицæн хæслæвæрдты фæдыл Минæвар Мирошник Родионы фембæлд.
Активонæй размæ цæуынц Хуссар Ирыстоны бастдзинæдтæ ЦКФО-йы субъекттимæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ национ интерестæ хынцгæйæ, ахсджиаг æддагполитикон здæхт у Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгаты интеграцион бастдзинæдтæ сфидар кæныны фæдыл политикæ. Ацы процессы бындуры сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Закъоны нормæтæ. ЦКФО-йы субъекттæ цы консулон зылдмæ хауынц, уыцы территорийыл уæвæг хуссарирыстойнаг æмбæстæгты бартæ бахъахъхъæныны хъуыддагмæ уæзгæ хайбавæрд хæссы Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентад Дзæуджыхъæуы, кæцы 2024 азы банысан кодта 10 азы йæ сырæзтæй.
Уæрæсейаг фарс иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта бузныджы ныхæстæ Республикæ Хуссар Ирыстонæн сæрмагонд хæстон операцийы нысæнттæ сæххæст кæныны фæдыл æххуысы тыххæй. Кæфты мæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ фембæлды рæстæджы, Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн сæрмагонд хæстон операцийы æххуысы фæдыл.
Хуссар Ирыстоны Президент арæх æмбæлы СХО-йы ирон æфсæддонтæ æмæ хæстонтимæ, æппæтварсонæй сын æххуыс кæны. РХИ-йы Президент Гаглойты Алан куыд нысан кодта, афтæмæй Донбассы цæрджыты бахъахъхъæнынæн Уæрæсейы Федераци цы уынаффæ рахаста сæрмагонд хæстон операци ауадзынæн, уый æвварс фыццаг бонæй фæстæмæ у Республикæ Хуссар Ирыстон, æмæ Ирыстоны æфсæддонтæ уæрæсейаг солдаттимæ иумæ слæууыдысты украинаг неонацизмы ныхмæ тохы.
Дарддæр цæуы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон хуыз раттыны фæдыл куыст. 2024 азы рухæны мæйы 24-26 бонты Цхинвалы ацыд Иумæйаг хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг демаркацион къамисы дæсæм рабадт.
Уæрæсейы сæйрагдæр дипломатон уæлдæр ахуыргæнæндæттæ (МГИМО(У) æмæ Уæрæсейы ФХъМ-йы ДА) æрвылаз дæр специалисттæ бацæттæ кæныны, афтæмæй ма Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы дипломатон кусджыты профессионалон фадыджы зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæныны хъуыддаджы сты Хуссар Ирыстоны фарсмæ. 2024/2025 ахуырадон азмæ Уæрæсейы дипломатон ахуыргæнæндæттæм ист æрцыдысты 14 абитуриенты Хуссар Ирыстонæй. МГИМО-йы дыууæ рауагъдон æмæ Дипломатон академийы иу рауагъдон ист æрцыдысты Хуссар Ирыстоны ФХъМ-мæ куыстмæ.
Джеоргуыбайы мæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Мæскуыйы фембæлд Хуссар Ирыстонæй студенттимæ. 2025 азмæ нысангонд æрцыд УФ-йы ФХъМ-йы Дипломатон академи бабæрæг кæнын.
Дарддæр цæуы æвзонг дипломатты æмархайды хаххыл куыст. Тæргæйтты мæйы 1-æм бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ хайад райстой Æвзонг дипломатты Глобалон форум «Дипломати бирæполярон дунейы рæстæджы»-йы, кæцы ацыд Фæсивæды æппæтдунеон фестивалы фæлгæтты «Сириусы», афтæмæй ма Æвзонг дипломатты VIII Евразиаг форум «Еврази бирæполярон дунейы: зындзинæдтæ æмæ перспективæтæ»-йы, кæцы цыд Мæскуыйы кæфты мæйы 1-4-æм бонты. Форумы фæстаг бон ацыд Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы минæвæртты Æвзонг дипломатты æхсæнадæмон ассоциацимæ бахизыны церемони. Афтæмæй ма РХИ-йы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы æмæ УФ-йы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы ‘хсæн бафыстгонд æрцыд Æмгуыстады фæдыл меморандум.
Цыппурсы мæйы Мæскуыйы ацыд Хуссар Ирыстоны ФХъМ æмæ Уæрæсейы ФХъМ-йы Æвзонг Дипломатты советты сæрдарты фембæлд, кæцыйы ма хайад райста Уæрæсейы ФХъМ-йы Бирæварсон гуманитарон æмгуыстад æмæ культурон бастдзинæдты фæдыл Департаменты минæвар Константин Колпаков. Фембæлды æрдзырдæуыд дывæрсон æмæ бирæварсон æмгуыстады дарддæры райрæзтыл.
Дарддæр цæуы æнгом æхсæнпарламентон æмгуыстад Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы 'хсæн. Радон рабадт ацыд 2024 азы хуымгæнæны мæйы Мæскуыйы. Кæфты мæйы фидаргонд æрцыд Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы æмгуыстады фæдыл æнæрлæугæ къамисы ног сконд.
Афтæмæй ма джеоргуыбайы мæйы 25-27-æм бонты Мæскуыйы Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци хайад райста æхсæнадæмон конференци «Роль взаимодействия фракций политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ»-йы, кæцыйы фæлгæтты ацыд РХИ-йы Парламенты Сæрдар Мæргъиты Алан æмæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володины фембæлд.
2025 азы хуымгæнæны мæйы УФ-йы ПД-йы Сæрдар Вячеслав Володины хуындæй Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци хайад райсдзæн æхсæнадæмон форумы Волгограды.
Гуырдзыстон
Кæфты мæйы 26-æм бон Гуырдзыстоны ацыдысты парламентон æвзæрстытæ, кæцыты фæстиуæгæн фæуæлахиз парти «Гуырдзыстоны бæллицц – Демократон Гуырдзыстон», цыппурсы мæйы 14-æм бон та – ног системæмæ гæсгæ президенты æвзæрстытæ. Гуырдзыстоны дарддæр кæнынц нæразыйы акцитæ оппозицион партиты хайадистимæ, кæцытæн æххуыс кæнынц фæсарæнтæй. Уыимæ иумæ гуырдзиаг паддзахады ныры сæрдар нæу разы æвзæрстыты хатдзæгтимæ.
Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты фæдыл гуырдзиаг политиктæн сарæх сты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы статусы тыххæй алыхуызон декларативон фидиуæнтæ. Се ‘хсæн Гуырдзыстоны ныры парти дæр, кæцы йæхи пайдайæн сног кæны афтæ хуыйнæг бæстæйы территориалон иудзинады темæ. Бæрæг у, æмæ ахæм фидиуæнтæ сты æрмæстдæр бынæттон адæмы тыххæй æмæ æппæтварсонæй æвдисынц Гуырдзыстоны æвзарæн кампанийы уавæр.
Уый фæдыл Министрад иу æмæ дыууæ хатты нæ сарæзта бæрæг бæлвырд фидиуæнтæ æмæ нæ ратта комментаритæ 2008 азы майрæмты мæйы фæстæ регионы сæвзæргæ геополитикон реалиты 'нæфæивгæдзины фæдыл. Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм равзæрстой сабырдзинад æмæ æдасдзинады иунæг гарант – Уæрæсейы Федерациимæ хæларадон ахастытæ æмæ интеграцион бастдзинæдтæ фидар кæнын, суверенон паддзахад аразыны фæндаг, æмæ уымæн фæивæн нæй.
Дарддæр дарæм нæ хъус сыхаг Гуырдзыстоны мидполитикон уавæрмæ æмæ, уæрæсейаг æмæ абхазаг коллегæтимæ æнгом бастдзинады уæвгæйæ, бæрæг кæнæм гæнæнуæвæг тæссагдзинад.
Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæ
Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куысты ахсджиаг здæхт уыдис æмæ у Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хайадист.
Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæ байгом сты 2008 азы кæфты мæйы 15-æм бон Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг æрбабырсты фæстæ. Уый уыд Д. Медведев – Н. Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм бонæй æмæ рухæны мæйы 8-æм бонæй бадзырдадтæм гæсгæ. Дискусситы æмбарæй исынц хайад Хуссар Ирыстоны, Абхазы, Уæрæсейы, Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ. Ныхас фæцæуы дыууæ кусæгон къорды фæлгæтты – æдасдзинады фарстытыл æмæ гуманитарон проблемæтыл.
2024 азы ацыд Дискусситы æртæ раунды. Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы фæлгæтты дарддæр кодтой фембæлдтытæ. Абаргæйæ сабыр уавæрмæ нæкæсгæйæ, азы рæстæджы уæддæр цыдысты гуырдзиаг фарсæрдыгæй провокацитæ, паддзахадон арæны сæртыл æнæзакъонæй рахызтытæ.
Дискусситы ахсджиаг фарст – Гуырдзыстоны ‘рдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг документы бафыст, кæцы у регионы æдасдзинады фидар гарант. Фæлæ уыцы фарст нырма дæр скъуыддзаг не ‘рцыд.
Нысан кæнæм уый, æмæ лигъдæтты проблемæ аскъуыддзаг кæныны бæсты дарддæр цæуы ацы фарстайы политизацикæнынад, æмæ йыл æрдзурыны фадат та ИНО-йы фæзуаты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн нæй. Бæрæг у, æмæ ИНО-мæ æрвылаз дæр цы документ æрцæуы хаст, уым бынтондæр дзырд нæ цæуы, лигъдæтты проблемæ кæй у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстон цы хæстон конфликт самадта, растдæр уый трагикон фæстиуæг, ууыл.
Уымæ нæкæсгæйæ, Хуссарирыстойнаг фарс нымайы Женевæйы дискусситы хайадист ахсджиагыл æмæ лæуд у диалог дарддæр кæныны, афтæмæй ма куыст хуыздæр кæныны хъуыдыйыл.
Швейцари кæй ахызт нейтралон æхсæнадæмон минæвары позицийæ, уый фæдыл Уæрæсе, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегацитæ 2024 азы рахастой ахæм хъуыды, цæмæй Дискусситæ хаст æрцæуой Женевæйæ æндæр, æцæг нейтралон фæзуатмæ. Ацы фарстыл дзырд цæуы. Иу хъуыдымæ нырма не 'рцыдысты.
Процессы æппæт хайадисджытæ дæр нысан кæнынц Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы ахъаздзинад.
Абхаз, Приднестровье
Æфсымæрон республикæтæ – Республикæ Абхаз æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæимæ бастдзинæдтæ фидар кæныны фæдыл 2024 азы куыст дарддæр кодта.
Майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы ‘рдыгæй Абхазы хæдбардзинады банымадæй 16 азы рацыды цытæн мадзæлтты хайадисты фæлгæтты, Республикæ Абхазы ФХъМ-йы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамбайы фембæлд, кæцыйы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрад æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады ‘хсæн бафыстæуыд 2024-2025 азтæм Консультациты пълан.
Джеоргуыбайы мæйы Цхинвалмæ æрцыдысты Республикæ Абхазы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы минæвæртæ. Бафыстгонд æрцыд æмгуыстады фæдыл Меморандум.
Майрæмты мæйы 26-æм бон дыууæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинады банымадæй 16 азы рацыды цытæн мадзæлттæм Цхинвал æмæ Сухуммæ фæуазæг сты дыууæ бæстæйы официалон делегацитæ. Рухæны мæйы Республикæ Абхазы минæвæрттæ хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны расидыны бонæй 34 азы рацыды цытæн мадзæлтты, æмæ II Æхсæнадæмон медицинон конференцийы Цхинвалы.
Республикæ Абхазимæ алыхуызон æмвæзадыл æмгуыстад фидаргонд цæуы банчы фадыджы æмархайды пълæнттæй дæр, кæцытыл дзырд цыд джеоргуыбайы мæйы Сухумы Хуссар Ирыстоны Национ банчы Сæргълæууæг Бекъойты С. æмæ Абхазы Национ банчы Сæргълæууæг Б. Барателияйы фембæлды рæстæджы. Уымæй дарддæр ма Сухумы ацыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы баскетболы федерациты ‘хсæн Æмгуыстады фæдыл меморандумы бафыст.
Æмтгæй райсгæйæ, æфсымæрон республикæимæ ахастытæ рæзынц, размæ цæуынц. Ацы хъуыддагæн ахъаз у Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы дипломатон мисситы архайд.
Приднестроваг Молдаваг Республикæ у Хуссар Ирыстоны ныфсджын партнер. 1990 азæй райдайгæйæ нæ адæм рацыдысты райрæзты зын фæндаг. Æнгæс хъысмæт æмæ политикон цæстæнгас фидаргонд сты дывæрсон нормативон-барадон бындуры. Зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, Министрад арæзта æппæт уавæртæ дæр, цæмæй уæвæг бастдзинæдтæ хъахъхъæд æрцæуой.
2024 азы уыдон уыдысты: ӕртхъирӕны мӕйы 15-æм бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсары ӕмӕ Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы Официалон Минӕварады Сӕрдар Республикӕ Хуссар Ирыстоны Плиты Алан видеоконференцийы хуызы хайад райстой Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Коллегийы дзуаппдӕттӕн рабадты; рухӕны мӕйы 11-ӕм бон Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ Приднестровьейы скъолаты ‘хсӕн бафыстгонд ӕрцыд ӕмгуыстад ӕмӕ ӕфсымӕрон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл Бадзырд; хурхӕтӕны мӕйы 4-ӕм бон ацыд ног хӕдбар паддзахадты Университетты Ассоциацийы ӕхсӕнадӕмон онлайн конференци, кӕцыйы рӕстӕджы бафыстгонд ӕрцыд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет ӕмӕ Тарас Шевченкойы номыл Приднестровьейы паддзахадон университет, афтӕмӕй ма Абхазы паддзахадон университет ӕмӕ Тарас Шевченкойы номыл Приднестровьейы паддзахадон университеты ‘хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.
Дывæрсон ӕмӕ бирӕварсон ӕмгуыстады фадыджы стыр куыст кæнынц Тираспол ӕмӕ Цхинвалы Республикӕты Официалон Минæварадты Сӕрдартӕ В. Янковский ӕмӕ Плиты А., афтӕмӕй ма Абхазы Официалон Минæвар Приднестровьейы А. Ватаман.
Никарагуа, Венесуэлæ, Науру
Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой паддзахадтæ, кæцытæ географион æгъдауæй сты дард (Никарагуа, Венесуэлæ, Науру), уый зын кæны æмахастыты райрæзт æмæ размæдзыдæн, фæлæ уыцы зындзинадмæ нæкæсгæйæ, цæуы куыст дипломатон бастдзинæдты æмвæзадыл.
2024 азы æрцыд ахсджиаг цаутæ Латинаг Америкæйы партнерты политикон царды. Сусæны мæйы Республикæ Никарагуа нысан кодта национ бæрæгбон – Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 45 азы рацыд, кæцыйы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Никарагуайы Козаты Нарим. Манагуайы ацыдысты Хуссар Ирыстоны делегацийы фембæлдтытæ Никарагуайы Президент командате Даниэль Ортега æмæ Никарагуайы Вице-президент Росарио Мурильоимæ, Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Монкадаимæ, кæцы иу азы размæ кусæгон балцимæ æрцыд Цхинвалмæ, афтæмæй ма Республикæ Никарагуайы Президенты Уынаффæгæнæг Лауреано Ортегаимæ. Фембæлдтыты рæстæджы равдыстæуыд иумæйаг цæттæдзинад Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы 'хсæн æмбастдзинад дарддæры фидар кæнынмæ. Раздæр, 2024 азы тъæнджы мæйы Манагуа кусæгон балцимæ бабæрæг кодта Посол Козаты Нарим.
Рухæны мæйы Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты ног министр ссис Вальдрак Людвиг Джентске Уайтэйкер. Уый фæдыл æм Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг.
Никарагуамæ балцы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны делегаци бабæрæг кодта Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæ, кæцы ныртæккæ æвзары размæдзыды уæззау афон. 2024 азы сусæны мæйы 28-æм бон Венесуэлæйы ацыдысты президентон æвзæрстытæ, кæцытыл фæуæлахиз Президент Николас Мадуро. Уавæрмæ нæкæсгæйæ, æвзæрстытæ ацыдысты сабырæй, æнæ фæткхæлдæй. Афтæмæй ма сусæны мæйы 26-æм бон Каракасы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтойы кусæгон фембæлд.
Хъæуы банысан кæнын уæрæсейаг дипломатон минæварадты æххуыс кусæгон балц бацæттæ кæныны хъуыддаджы, сæрмагондæй, Уæрæсейы Минæварад Хуссар Ирыстоны. Стыр практикон æххуыс бакодтой Уæрæсейы Минæварадтæ Манагуа æмæ Каракасы.
Хуссарирыстойнаг-венесуэлаг политикон ахастытæн 2024 аз ссис юбилейон æмæ нысангон æрцыд ахсджиаг бонæй – Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыдæй. Уый цытæн Клуб «Аполлон»-ы æххуысæй Хъелы æфцæгыл 3112 метры бæрзæндыл айтыгъдæуыд Венесуэлæйы тырыса.
Æмтгæй райсгæйæ, Никарагуа æмæ Венесуэлæимæ ахастытæн ис æвæрццаг здæхт. Æнтысджын у æртæ бæстæйы дипломатты æмархайд Мæскуыйы дæр. Минæварадтæ цы ахсджиаг паддзахадон мадзæлттæ уадзынц, уыдоны хайадист ссис традицион. Джеоргуыбайы-цыппурсы мæйты Мæскуыйы ацыдысты мадзæлттæ, кæцыты Минæварад райста хайад. Уый, сæрмагондæй, никарагуайаг революционер К. Фонсекайы трагикон амæлæты бонæй 48 азы рацыды охыл мадзал, Уæрæсе æмæ Никарагуайы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 80 азы, афтæмæй ма дыууæ бæстæйы ‘хсæн Хæларады бон сфидар кæнынæй 9 азы рацыды цытæн цытджын мадзал, кæцытыл уыд Манагуайы делегаци Президенты Уынаффæгæнæг Л. Ортегайы сæргълæудæй. 2024 аз ссис юбилейон Хуссар Ирыстон æмæ Науруйы ‘хсæн ахастыты – цыппурсы мæйы 16-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Науруйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй рацыд 15 азы.
Хуссар Ирыстон аргъ кæны уæвæг æмахастытæн. РХИ-йы Президент Гаглойты А., РХИ-йы ФХъМ æдзухдæр æрвитынц фыстæджытæ ацы бæстæты къухдариуæгадтæм.
Сири
Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы ‘хсæн ахастытæ сфидар сты 2018 азы. Джеоргуыбайы мæйы кæрон Сирийы сцырен æмбæстагон хæст, кæцы цæуы 2011 азæй фæстæмæ. Б. Асады отставкæ æмæ гæрзифтонг оппозицийы æрбацыд æркодтой мидæггаг æмæ æддагон цæхгæр ивындзинæдтæм. Æппæт уыдæттæ хынцдзысты бæстæтæ иууылдæр, сæ нымæцы Хуссар Ирыстон дæр.
Хуссар Ирыстон йæ хъус дары Сирийы уавæрмæ æмæ хæст у уыцы хъуыдыйыл, цæмæй политикон кризис сабырæй аскъуыддзаг уа æмæ иудзинад хъахъхъæд æрцæуа.
Ацы тæккæ ахсджиаг у Сирийы æмæ æппæт регионы стабилондзинад цы халы, уый афоныл æрлæууын кæнын.
Фидарæй нæ уырны, Сирийы сабырдзинадмæ раздахын гæнæн кæй ис æрмæстдæр политикон диалоджы æмæ æппæт этникон, религиозон æмæ политикон тыхты æмархайды фæрцы.
Æхсæнадæмон бастдзинæдты уæрæхкæнынад
Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дарддæр кодта хæларадон бæстæтимæ ахастытæ уæрæх кæнын, бастдзинæдты размæдзыд, алыхуызон æмвæзадтыл фембæлдтытæ аразыны фæдыл куыст.
Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисон паддзахадимæ ахастытæ сфидар кæнын у Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг здæхтытæй иу. Республикæ Хуссар Ирыстон фидар кæны ахастытæ, фыццаджыдæр, экономикон, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты. Сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны Парламент у 2008 азæй фæстæмæ Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисы Парламентон æмбырды æдзухон цæстдарæг.
Ам хъæуы рахицæн кæнын Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы хайадист хурхæтæны мæйы 20-22-æм бонты Бресты ацæугæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты Æппæтдунеон мысæн боны æмæ белоруссаг адæмы геноциды охыл мадзæлтты. Конструктивон диалог цæуы Уæрæсейы æмæ Беларусы Цæдисон паддзахады Æнæивгæ Комитетимæ Мæскуыйы.
Министрады минæвæрттæ кусынц Республикæ Хуссар Ирыстоны интересты ‘вварс цы бæстæты сты, уым. Ацы куысты уæлдай ахсджиаг у диаспорæтимæ куыст. Абоны бон уал къухты цытæ бафтыд, уыдоны райрæзтыл Министрад дарддæр кæны йæ куыст.
2024 азы зæрдæвæрæны мæйы æмæ хурхæтæны мæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радионыхъæппæрисæй Люксембургы стыр æнтыстимæ ацыдысты Ирон культурæйы бонтæ. Мадзалы фæлгæтты арæзт æрцыд Евроцæдысы бæстæтæй ирон нывгæнджыты равдыст.
Хуымгæнæны мæйы 20-21-æм бонты Стамбулы Пухаты Радион хайад райста Европæ æмæ Цæгат Америкæйы бæстæты уæрæсейаг æмбæстæгты XVII Регионалон конференцийы. Фæсарæнты уæрæсейаг æмбæстæгты архайды размæдзыдмæ уæзгæ хайбавæрды тыххæй Пухаты Радион хорзæхджын æрцыд уæрæсейаг æмбæстæгтæй фæсарæнты чи цæры, уыдоны Æппæтдунеон координацион советы кадджын нысанæй.
Дыууæ бæстæ æмæ адæмы ‘хсæн хæларад æмæ æмгуыстад фидар кæнынæн ахсджиаг куыст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Италийы Мауро Мурджа. Йæ хъæппæрисæй рухæны мæйы 2-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентады Дзæуджыхъæуы ацыд горæт Цхинвалы Администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео æмæ горæт Градары (Италийы Республикæ) мэр Филиппо Гасперийы фембæлд, кæцы Беслæны трагедийæ 20 азы рацыды охыл мысæн мадзæлтты хайад райсынæн æрцыд делегаций сконды Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланимæ.
Активон куысты фæдыл РХИ-йы ФХъМ-йы Минæвар Италийы Мауро Мурджа хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уагдонон майдан «Æмархайды фæдыл»- æй. Джеоргуыбайы мæйы 26-æм бон Мауро Мурджа ссис Беслæны кадджын æмбæстаг. Схорзæх кæныны церемони ацыд Уæрæсейы Минæварады Римы УФ-йы Минæвар Алексей Парамонов æмæ Беслæны горæты Сæргълæууæг Татраты Харитоны хайадистимæ.
Мадæлон æвзаг æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæныны фæдыл кльтурон-рухстауæн куыст, афтæмæй ма Хуссар Ирыстонимæ бастдзинæдтæ фидар кæныны фæдыл уæзгæ хайбавæрд хæссынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурхан æмæ Турчы ирæтты национ-культурон æхсæнад «Алан»-ы Минæвар Хъуысаты Хайри.
Тæргæйтты мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурхан Стамбулы Абхазаг культурон ассоциацийы хуындæй хайад райста Абхазы фыццаг Президент, историон зонæдты кандидат, Абхазы Хъайтар Владислав Ардзинбайы амæлæтæй 14 азы рацыды охыл мысæн изæры.
Æхсæнадæмон организацитæ
Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Минæварад Цхинвалы гом æрцыд 2004 азы.
Хуссар Ирыстоны СДÆК-ы куысты здæхтытæ сты: æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны хъысмæт сбæрæг кæнын; гуманитарон æххуыс; медицинон æххуыс.
Ацæугæ аз æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон фарстаты фæдыл уагъд æрцыд 14 мадзалы, афтæмæй ма Æбæрæгæй фесæфтуæвджыты агурыны фæдыл координацион механизмы фæлгæтты дыууæ фембæлды.
МИДПОЛИТИКОН ЦАУТÆ
2024 азы хурхæтæны мæйы 9-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Парламенты æстæм æрсидты депутатты æвзæрстытæ. Хъæлæскæнынад цыд 73 æвзарæн фадыджы, кæцытæй 2 гом æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы территорийыл. Суагъæты банымады фæстæ Республикæйы Парламентмæ бахызтысты партитæ «Иугонд Ирыстон», «Ныхас», «Адæмон парти» æмæ «Комунистон парти».
Æвзæрстытæм сæ хъус дардтой 30 æхсæнадæмон цæстдарæджы Уæрæсе, Беларусь, Абхаз, Туркæй. Æвзæрстытæ ацыдысты сабырæй, национ закъон æмæ æхсæнадæмон стандарттæм гæсгæ.
Ахсджиаг бонтæ:
2024 азы Беслæны æрцæугæ æвирхъау терактæй рацыд 20 азы. Уыцы трагеди ссис Уæрæсейы ног историйы æппæты уæззаудæр æмæ æбуалгъдæр цаутæй иу. Ирыстоны рухæны мæйы 1-3-æм бонты ацыдысты мысæн мадзæлттæ. Президенты сæргълæудæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райста Беслæны мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæт»-ы «Хъынцъымы бæлас»-мæ дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрыны церемонийы.
Ацæугæ аз нысан цыд Ирыстоны Уæрæсемæ æрбаиуæй 250 азы рацыд. Уый фæдыл кæфты мæйы 8 æмæ 15-æм бонты Мæскуыйы ацыдысты Ирыстоны Культурæйы бонты цытæн мадзæлттæ, кæцыты хайад райстой Галаты Борисы номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды Паддзахадон ансамбль «Симд», Цæгат Ирыстоны Кафты академион ансамбль «Алан» æмæ Тæбæхсуаты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр. Афтæмæй ма мадзæлттæ ацыдысты Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы.
Цыппурсы мæйы 1-æм бон Дзæуджыхъæуы ацыд ирон адæмы XI уанел, кæцыйыл æрæмбырд сты Уæрæсе æмæ фæсарæнтæй ирæттæ.
Министрады куыст:
2024 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзт Æвзонг дипломатты совет. Рухæны мæйы 9-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд РХИ-йы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы фыццаг рабадт. Советы сæйраг нысан у æвзонг кусджытимæ архайд сцырен кæнын, хуссарирыстойнаг дипломатон службæйы традицитæ бахъахъхъæнын, æвзонг кадрты профессионализм æмæ квалификаци фæуæлдæр кæнын. Æвзонг дипломатты советы сæйраг хæстæ сты Министрадмæ ног æрбацæугæ æвзонг кусджытæн профессионалон æххуыс, афтæмæй ма фæсарæйнаг паддзахадты æвзонг дипломаттæ æмæ фæсивæдон æхсæнадон организацитимæ ахастытæ дарддæр кæнын. Сæрмагондæй, ацæугæ азы æмархайд æрбæстон Уæрæсейы æмæ Абхазы ФХъМ-йы æнгæс структурæтимæ.
Паддзахадон æмбæстагон службæйы фæдыл закъон æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады системæйы паддзахадон æмбæстагон службæ цæуыны хицæндзинæдты фæдыл» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ гæсгæ азы дæргъы цыд уагдонон нормативон-барадон бындур хуыздæр кæныны фæдыл куыст.
2024 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд кадрон резервмæ бакæныны фæдыл конкурс, кæцыйы фæстиуæгæн кадрон резервмæ хастгонд æрцыдысты 8 адæймаджы.