Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады сæрдар Плиты Аланимæ

Встреча А.М. Джиоева с А.С. Плиевым

Тъæнджы мæйы 31-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады сæрдар Плиты Аланы. 

Плиты Алан радзырдта гуманитарон кризисы фæдыл Приднестровьейы сæвзæргæ уавæры тыххæй. 

Ныхасы рæстæджы дыууæ фарс дæр æрдзырдтой хуссарирыстойнаг-приднестроваг хæларадон ахастыты дарддæры размæдзыды фарстытыл æмæ равдыстой сæ цæттæдзинад конструктивон æмархайд дарддæр кæнынмæ. 

2025 азы тъæнджы мæйы 31-æм бон

 

31.01.2025