Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Уæрæсейы æддагполитикон службæйы минæвæртты иу кæны бæрзонд профессионализм æмæ паддзахады интерестыл иузæрдиондзинад. Бæстæйы ахсджиагдæр æхсæнадæмон интерестæ хъахъхъæныны хъуыддаджы уæрæсейаг дипломаттæ æвдисынц æгæрон хъæддыхдзинад.
Цытджын Сергей Викторы фырт, Хуссар Ирыстоны дын ис стыр кад æмæ цыт. Дывæрсон ахастыты фарстатæм де ‘гæрон хъусдард нысан кæнгæйæ, фидарæй мæ ныфс ис, Уæрæсейы ФХъМ-йы æппæт кусджытæ дарддæр дæр кæй æххæст кæндзысты сæ разы æвæрд хæстæ сабырад, рæстдзинад æмæ æдасдзинады хæрзиуæгæн».