Арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Дипломатон кусæджы боны цытæн

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Приднестроваг дипломаттæн сæйрагдæр сты патриотизм, бæрзонд профессионалон культурæ æмæ национ интерестæ. Абоны бон бæстæйы æддагполитикон службæйы кусджытæ æнтысджынæй æххæст кæнынц сæ разы лæууæг хæстæ». 

 

10.02.2025