Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары интервьюйы фæдыл ÆИА «Sputnik Хуссар Ирыстон»-æн

Интервью А.М. Джиоева МИА Sputnik Южная Осетия

Хуымгæнæны мæйы 2-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар йæ интервьюйы ÆИА «Sputnik Хуссар Ирыстон»-æн радзырдта Италийы уæвæг Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвары куысты фæдыл.

10 азы размæ, 2016 азы хуымгæнæны мæйы 2-æм бон Ромы байгом Италийы уæвæг Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Минæвары офис.

Джиоты Æхсар банысан кодта, Хуссар Ирыстонимæ, афтæмæй ма РЦИ-Аланиимæ Италийы хæларадон ахастыты сфидар кæныны хъуыддагмæ уæзгæ хайбавæрд кæй хæссы Италийы уæвæг РХИ-йы ФХъМ-йы Минæвар Мауро Мурджа, кæцы 2024 азы ссис Беслæны кадджын æмбæстаг.

Уæвæг зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, ацы фадыджы куыст дарддæр цæудзæн. Фыццаджыдæр, ахастытæ бæстон цæудзысты культурæйы фадыджы, афтæмæй ма парахат цæудзæн раст информаци Хуссар Ирыстоны цауты фæдыл.

Джиоты Æхсар ма æрдзырдта 1991 азы тæргæйтты мæйы 17-æм бонæй Советон Цæдис бахъахъхъæныны фæдыл Æппæтцæдисон референдумæй 35 азы рацыды фæдыл æмæ банысан кодта, гуырдзиаг политиктæ рæгъмæ кæй хæссынц ахæм информаци, ома, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ хайад райстой 1991 азы тæргæйтты мæйы 31-æм бонæй гуырдзиаг референдумы. Уый æцæгдзинадæй у дард хъуыды. Министр бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай, кæцытæ хайад райстой Советон Цæдис бахъахъхъæныны фæдыл Æппæтцæдисон референдумы, кæй схъæлæс кодтой Советон Цæдис бахъахъхъæныны тыххæй.

Интервьюйы рæстæджы ма æрдзырдæуыд Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахад саразынæй 30 азы рацыды фæдыл. Нысангонд æрцыд, Хуссар Ирыстон кæй аразы къахдзæфтæ Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахады структурæтимæ, фыццаджыдæр, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты, ахастытæ æрбæстон кæнынæн.

2026 азы хуымгæнæны мæйы 2-æм бон

02.04.2026