Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ О.Е. Кутафины номыл Мæскуыйы паддзахадон юридикон университеты Ректор Виктор Блажеевы фембæлды фæдыл

Встреча А.М. Джиоева и В.В. Блажеева

Хуымгæнæны мæйы 6-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ О.Е. Кутафины номыл Мæскуыйы паддзахадон юридикон университеты Ректор Виктор Блажеевы фембæлд.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд уæрæсейаг раззагондæр юридикон ахуырадон уагдоны æмархайды фæдыл Хуссар Ирыстонимæ. 

Фембæлды рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмæ гæсгæ Ректор Виктор Блажеевæн лæвæрд æрцыд паддзахадон хорзæх – «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист»-ы кадджын ном. 

2026 азы хуымгæнæны мæйы 6-æм бон

06.04.2026