Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари Гуырдзыстоны ПÆС-йы дзуаппы фæдыл

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны Паддзахадон Æдасдзинады Службæйы (ПÆС) архайды фæдыл дзуапмæ, кæцыйы Гуырдзыстоны национ æдасдзинадæн æппæты стырдæр тæссагдзинады хуызы æвдыст цæуы Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы «оккупаци», æмæ уый фыццаг хатт нæу.

Тбилис та радон хатт æмбарынадтæ æмæ сæ мидис иннæрдæм кæны æмæ уымæй фæлвары зындгонд факттæ сзыгъуыммæ кæнынмæ. Ногæй та зæрдыл лæууын кæнæм, 2008 азы майрæмты мæйы цауты агрессор кæй у Гуырдзыстон æмæ йæ агрессорыл кæй банымадта Х.Тальявинийы сæргълæудæй Евроцæдисы æхсæнадæмон къамис.

«Тыхстдзинады» алыхуызон ныхæстыл дзургæйæ та, Хуссар Ирыстонæн тынг хорз сты зындгонд Гуырдзыстоны 'рдыгæй «хорз фæндты» трагикон æмæ тугамæхст хатдзæгтæ. Уый фæдыл, Хуссар Ирыстон сиды сыхаг бæстæмæ, цæмæй сæхиуыл фæхæцой æмæ йын йæ мидхъуыддæгтæм мацы бар дарой.

Гуырдзиаг «хæрзгæнджыты» зæрдыл лæууын кæнæнæм, Уæрæсейы Федераци кæй уыд æмæ у регионалон стабилондзинады сæйраг фактор, æмæ уæрæсейаг æфсæддон контингент та Хуссар Ирыстоны территорийыл ис дывæрсон æхсæнадæмон бадзырдадты фæлгæтты æхсæнадæмон барады нормæтæм гæсгæ, у йæ национ æдасдзинады иунæг гарант.

Гуырдзыстон нæ хъавы уæвæг геополитикон уавæрыл сразы уын æмæ уæхскуæзæй дарддæр архайы сыдывд хуызæгтæй. Уыцы мæнг «аннекси» æмæ «уæрæсейаг тæссагдзинады» штамптæй дезинформаци кæны канд дунеон æмæхсæнады нæ, фæлæ ма йæхи дæр. Хъыгагæн, нысан кæнæм, гуырдзиаг фарс ныма дæр цæттæ кæй нæу Хуссар Ирыстонимæ конструктивон диалог саразынмæ, уый нымæцы Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы форматы дæр.

2026 азы хуымгæнæны мæйы 22-æм бон

22.04.2026