Комментарии МИД РЮО

Archive

Хуссар Ирыстоны нæ хатынц Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг æмæ уый фæстæ Гуырдзыстоны уæвæг АИШ минæвар Ричард Норланды æмæ европæйаг сыхагдзинады политикæ уæрæхдæр кæныны Еврокомиссар Штефан Фюлейы дзырдтæ хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæнарæзтады фæдыл цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, уый тыххæй.

Гуырдзыстон æмæ йæ ныгуылæйнаг спонсортæ сæ ныфс нæ сæттынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы, сæ «хæдбардзинад сын нæ банымайгæйæ, сæхимæ басайыныл», сæ хæдбардзинад сын нымæг кæнынæй. Евроцæдисимæ Гуырдзыстоны ахастыты сæраппонд Батумы цы конференци уыдис, уым Евроцæдисы Æттагон архайды Службæйы минæвар Гунар Виганд йæ раныхасы раразмæ кодта ахæм инициативæ, зæгъгæ, Брюссель æмæ Тбилисы ‘хсæн сæрибарæй базар кæныны тыххæй къухæрфыссынмæ цы ассоциаци цæттæ цæуы, уый иу хай хъуамæ апарахатгонд æрцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Абхазыл.

БНО ГА йæ пленарон 67-æм рабадты цы резолюци райста, уый фæдыл

2013 азы 13 июны Нью-Йоркы БНО ГА 67-æм пленарон рабадты ист æрцыдис Гуырдзыстоны резолюци Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдонты æмæ рæстæгмæ иу бынатæй иннæмæ сæ цæрæн бынæттæ цы адæймæгтæ аивтой, уыдон фæдыл. Рекомендацигæнæг характер кæмæн уыдис БНО ГА ахæм резолюцитæ ныр ист цæуынц фæд-фæдыл фондз азы дæргъы.

Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаджы фæдыл

2013 азы 28 майы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ æнæразыдзинад загъта, цыма Хуссар Ирыстоны арæн уæрæсейаг æфсæддонтæ æварстæй ахастой размæ æмæ йæ бабастой сындзтелæй Дицы æмæ Дуаны хъæуты цур фадгуыты.

2013 азы 20 майы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Давид Закалиани брифингы фехъусын кодта: «Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кæй æххæст кæнынц, уыдонæй сæйрагдæртæй иу у хæдбардзинад ма банымайын æмæ уымæ бахъавдтытæ мах иунæг бон дæр не ‘рурæдтам».

ЕЦПА уалдзыгон сессийы Гуырдзыстоны премьер-министры раныхасы фæдыл

2013 азы 23 апрелы Гуырдзыстоны премьер-министр Бидзина Иванишвили раныхас кодта Страсбургы Европæйы Цæдисы Парламентон Ассамблейы сессийы æмæ æрдзырдта Гуырдзыстоны политикæйы сæйраг фæдæздæхтытæ æмæ æттагон политикæйы хæсты тыххæй. Сæрмагондæй загъта, зæгъгæ, «алчи дæр зоны нæ территорийы 20 проценты нын 2008 азы Уæрæсе кæй соккупаци кодта, уый».

2008 азы августы цауты фæдыл Гуырдзыстоны гæнæнуæвæг ног фæдагуырд ауадзыны тыххæй

Фæстаг рæстæджы гуырдзиаг бæрзонд трибунæтæй арæхæй-арæхдæр хъуысынц 2008 азы августы хæсты рæстæджы бынат кæмæн уыдис, уыцы фактты фæдыл ног фæдагуырд ауадзыны тыххæй æмæ сын æмбæлон аргъ скæныны тыххæй. Уыйадыл, Гуырдзыстоны премьер-министр Бидзина Иванишвили фехъусын кодта, зæгъгæ, «хæсты темæ у мигъæмбæрзт» æмæ æрсидтис йæ уавæрты тыххæй йын ног фæдагуырд ауадзынмæ.

Европæйы Цæдисы Парламентон Ассамблейы зымæгон сессийы М. Саакашвилийы раныхасы фæдыл

Парламентон Ассамблейы сессийы президент Саакашвилийы раныхас, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис тенденциозон, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы тыххæй рагацау кæй сфæнд кодта, ахæм. Раст зæгъгæйæ, Гуырдзыстоны президенты дзыхæй, раздæр цы риторикæйыл хæст уыдис, уымæй дарддæр мах ногæй ницы фехъуыстам. Уый та у, Гуырдзыстоны хицауад бирæ азты хæст кæуыл у æмæ йæ кульминаци 2008 азы августы агрессии кæмæн ссис, уый.

Шведаг парламентари Тина Акетофты доклады фæдыл

2013 азы 21 январы Страсбургы байгом Европæйы Советы Парламентон Ассамблейæйы (ЕЦПА) зымæгон сесси, кæцыйы 23 январы раныхас кодта шведаг парламентари Тина Акетофт ахæм темæйыл: «Гуырдзыстон æмæ Уæрæсе: гуманитарон ситуации, конфликт æмæ æфсæддон архайдтытæй зиан кæуыл æрцыдис, уыцы территоритыл гуманитарон уавæр».

Президенты Указы фæдыл РХИ Консулон агентад бакæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн консулон лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинад хынцгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы территорийыл РХИ Президент Тыбылты Леониды Указæй Дзæуæджыхъæуы горæты арæзт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентад.

2012 азы 25 сентябры Гуырдзыстоны президент М. Саакашвили БНО ГА-ӕм сессийы йӕ раныхасы Уӕрӕсейы фӕаххосджын кодта «Гуырдзыстоны политикон процессыл бандавынмӕ бафӕлвӕрды тыххӕй, сӕрмагондӕй та арӕныл, куыд цыма Гуырдзыстоны оккупацигонд регионтӕ ӕфсад фылдӕр кӕнын ӕмӕ мастабон маневратӕ ауадзынӕй».