Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

Шведаг парламентари Тина Акетофты доклады фæдыл

2013 азы 21 январы Страсбургы байгом Европæйы Советы Парламентон Ассамблейæйы (ЕЦПА) зымæгон сесси, кæцыйы 23 январы раныхас кодта шведаг парламентари Тина Акетофт ахæм темæйыл: «Гуырдзыстон æмæ Уæрæсе: гуманитарон ситуации, конфликт æмæ æфсæддон архайдтытæй зиан кæуыл æрцыдис, уыцы территоритыл гуманитарон уавæр».

Докладæн суанг йæ ном дæр нæу корректон, уымæн æмæ фарстæн йæ фæд дæр нæу раст фæндагыл æвæрд, цæуы хæццæгонд, уымæн æмæ 2008 азы августы æфсæддон агресси Гуырдзыстон сæххæст кодта Хуссар Ирыстоны ныхмæ æмæ хæсты гуманитарон фæстиуджытæ Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн контексты нæ хъæуы ахуыр кæнын, фæлæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн контексты. Гуманитарон доклады гуманитарон характер суанг йæ райдианæй ссис политикон амбициты амынæт.

Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн арæн схуынд æрцыдис административон, ЕЦПА-йы депутат Хуссар Ирыстоны территори нымайы оккупацигондыл, уый та бынтондæр æмбæрстгонд нæу Хуссар Ирыстоны, уымæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон у суверенон паддзахад æмæ йын Гуырдзыстонмæ ницы ахаст ис. Цыты аккаг ЕЦПА-йы парламентаритæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ ‘мбарой уый, æмæ, цалынмæ регионы уæвæг реалитæ хынцыд ма цæуой, ома цы дыууæ суверенон паддзахад - Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз сырæзтысты, уæдмæ гуманитарон фарстытæ скъуддзаг кæнынæн серьезон бындур нæ уыдзæнис. Кæд ЕЦПА бирæ хæттыты бахатыдæуыдис, цæмæй Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн сæ позици сæм фæхæццæ кæнынæн фадат радтаиккой, уæддæр уый къухты нæма бафтыдис.

Шведаг парламентарий Гуырдзыстоны лигъдонты тыххæй бирæ фæдзырдта, фæлæ йæ цæст нæ ахаста, æндæр æмæ æндæр зонæнтæм гæсгæ, 1990-1992 азты Гуырдзыстонæй æмæ Хуссар Ирыстонæй этникон асыгъдæг кæнынæй æмæ агрессийæ тас кæмæн уыдис,уыцы сæдæ минæй фылдæр фылдæр ирæттыл.Уыдонæн сæ фылдæр хибахизæн бынат ссартой Уæрæсейы Федерацийы,сæ иу хай та систы лигъдонтæ кæнæ Хуссар Ирыстоны территорийыл иу ранæй иннæ ранмæ йæ цæрæн бынат чи аивта,ахæмтæ.Сæ фылдæр хай ма абон дæр сты ахæм уавæры.

Европарламентаритæм йæ доклад бавдисгæйæ, Акетофт банысан кодта, зæгъгæ, документ дыууæ азы дæргъы цæттæ кæнгæйæ, уый фембæлдис конфликты территоритæм бахауыны проблемæйыл.
Докладгæнæг хъаст кодта, зæгъгæ, дыууæ азы дæргъы йæ бон нæ бацис Хуссар Ирыстонмæ бафтын, «уырдæм бацæуынæн, дам, мын æвæрд цыдысты цæлхдуртæ», фæлæ, æвæццæгæн, барæй нæ загъта, йæ визит кæй нæ сырæзтис, уый аххосæгты тыххæй, уымæн æмæ рæдийын кодта дунеон æмæхсæнады.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æппæт бæрндзинадимæ хъусын кæны, æхсин Акетофт кæй райста æрцæуыны тыххæй сразыдзинад, фæлæ стæй ахъуыды кодта æмæ æбæлвырд аххосæгтæм гæсгæ йæ визит аивта йæхæдæг. Хуссар Ирыстоны хицауад бирæ хæттыты хъусын кодта, цæттæ æмæ æргом кæй у, йæ адæмæн ын чи аргъ кæны, æппæт уыцы дунеон организацитимæ æмкуысткæнынадмæ.

Элементарон логикæмæ гæсгæ, цалынмæ доклад саразай, уæдмæ, æппын ницы, фæлæ хъуыдис Хуссар Ирыстонмæ бафтын æмæ ситуаци, цæйау фæзæгъынц, бынаты сахуыр кæнын, документты объективондзинады пайдайæн бакусын. ЕЦПА-йы докладгæнджытæн та фагыл банымайынц Тбилисмæ визит æмæ уым цы иувæрсыг информации райсынц, уый фехъусын кæнынц, сæхæдæг æй цахæмæй уынынц, ахæм цæстæнгасæй .

Цхинвал, 2013 азы 24 январь

 

24.01.2013