Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

Хуссар Ирыстоны нæ хатынц Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг æмæ уый фæстæ Гуырдзыстоны уæвæг АИШ минæвар Ричард Норланды æмæ европæйаг сыхагдзинады политикæ уæрæхдæр кæныны Еврокомиссар Штефан Фюлейы дзырдтæ хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæнарæзтады фæдыл цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, уый тыххæй.

17 сентябры, дыццæджы, Гуырдзыстоны Гуры районы Дицы хъæуы цы инцидент уыдис, уый æххæст æрцыдис Гуырдзыстоны фарсы ‘рдыгæй провокацион архайдтытæй æмæ цыма уыдис бынæттон цæрджыты архайды фæстиуæгæн. Сæ бындурон нысан та уыдис, банысангонд районы куыстытæ чи ‘ххæст кодтой Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы уыцы арæнхъахъхъæнæг службæты минæвæртты закъонон архайд бакъуылымпы кæнын. Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уыцы бынат сбæлвырд кæныны æппæт куыстытæ дæр, йæ инженерон арæзтад æххæст цæуынц Ркспубликæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ æрмæстдæр хуссарирыстойнаг территорийыл.

Хуссарирыстойнаг фарс иу æмæ дыууæ хаты, мыййаг нæ хатыдис Гуырдзыстонмæ, цæмæй иумæ архайгæйæ, æххæст кодтаиккой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæны делимитаци æмæ демаркацийы куыстытæ. Хъыгагæн ацы инициативæ Тбилисы ‘рдыгæй уадзынц сæ хъусты иувæрсты. Гуырдзыстоны фарс æмæ дунеон аренæйы йæ партнертæ – АИШ æмæ Евроцæдис хъуыддагмæ конструктивон ахаст равдисыны фæлтау пайда кæнынц ивгъуыды стереотиптæй æмæ сæ нæ фæнды 2008 азы августы фæстæ Кавказы цы ног геополитикон реалитæ сæвзæрдысты, уыдон бамбарын.

Цхинвал, 2013 азы 19 сентябрь

 

01.10.2013