Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

ЕЦПА уалдзыгон сессийы Гуырдзыстоны премьер-министры раныхасы фæдыл

2013 азы 23 апрелы Гуырдзыстоны премьер-министр Бидзина Иванишвили раныхас кодта Страсбургы Европæйы Цæдисы Парламентон Ассамблейы сессийы æмæ æрдзырдта Гуырдзыстоны политикæйы сæйраг фæдæздæхтытæ æмæ æттагон политикæйы хæсты тыххæй. Сæрмагондæй загъта, зæгъгæ, «алчи дæр зоны нæ территорийы 20 проценты нын 2008 азы Уæрæсе кæй соккупаци кодта, уый».

Ацы факты афтæхуыйнæг цæстуынгæдзинад нæ сæвзæрын кодта, уымæн æмæ Ныгуылæн бирæ тыхтæ хардз кæны, цæмæй Гуырдзыстон нымад цæуа демократон стандарты бæстæйыл æмæ Тбилисæн æнцонтæй бары, гуырдзиæгтæ чи не сты, уыцы нацитæм, уыцы нымæцы мингай ирæттæм ахасты Гуырдзыстон цы фыдмитæ кодта, уыдон.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къаддæр дисдзинад нæ равзæрын кодта уый æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгады сæргълæудæй 2008 азы августы цауты тыххæй Гуырдзыстон æмæ уый хæдфæстæ та ЕЦПА депутаттæ æвæрынц фарст, цыма, дам, уыдис ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны агресси нæ, фæлæ Уæрæсейы хæст Гуырдзыстонимæ. Ацы иувæрсыг, æцæгæй та фыдракæндон чи у, уыцы позици цæуы хуссарирыстойнаг минæвæрттæн дунеон трибунæтæм сæ фæндаг æхгæд кæй у, кæцыран дунейæн рæстдзинад радзуриккой гуырдзиаг фыдракæндты тыххæй, уыцы нымæцы ирæтты ныхмæ геноцид æмæ агрессийы фарстаты фæдыл дæр. Уый фæдыл Хуссар Ирыстоны хорзыл нымайынц Уæрæсейы делегацийы инициативæ уый тыххæй, зæгъгæ, «косовойæгтау Ассамблеймæ бар лæвæрд хъуамæ ‘рцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн дæр».

Уымæй дарддæр ма Гуырдзыстоны премьер-министр фехъусын кодта, зæгъгæ, «Гуырдзыстоны хицауад фæстаг 20 азы дæргъы нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæртæм ахасты æруагъта бирæ рæдыдтытæ». Хуссар Ирыстоны адæм хорз зонынц уый æмæ гуырдзиæгтæ дæсгай æзты дæргъы хъомыл кодтой шовинизм æмæ ксенофобийы уавæрты æмæ ирон æмæ гуырдзиаг адæмтæ æфсымæртæ никуы уыдысты, хъысмæты фæндонæй, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр уыдысты сыхæгтæ. Иванишвилийæ цæмæдæр гæсгæ ферох Хуссар Ирыстоны артиллери куыд æхста æмæ гуырдзиаг танктæ Цхинвалы уынгты куыд дыууæрдæм кодтой æмæ æгъатырæй куыд æхстой æнæхъахъхъæд цæрджыты. Æвæццæгæн Гуырдзыстоны се ‘фсымæртæм ахæм æгъдауыл æвдисынц сæ уарзт.

Фæстаг рæстæджы йæхи æвдисы ахæм тенденци, кæцымæ гæсгæ критикæ концентрацигонд цæуы Гуырдзыстоны фыццаг персонæйы ныхмæ æмæ барæй арæзт цæуы ахæм хъуыды, цыма дзы радон тбилисаг лидеры аиуварс кæнгæйæ, аххосджын ничиуал баззайдзæн. Уыимæ иумæ ма, цыма гуырдзиаг адæм уыцы фыдракæндты ницы хайад истой!

Хуссар Ирыстоны иу мисхал дæр ничи дызæрдыг кæны ууыл æмæ нацизмы идеологи Гуырдзыстоны иутæй иннæтæм кæй хизы. Уый бабæлвырд кæнынæн æрхæссæн ис бирæ цæвиттонтæ, сæйраджы та уый æмæ Иванишвили йæ раныхасы цалдæр хаты акцент кæй сарæзта, «оккупацигонд территориты тыххæй» циникон закъонæн аивæн кæй нæй. Уый ма ноджыдæр иу хатт æвдисы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны ахаст æнæивгæ кæй у, уый.

Хуссар Ирыстоны не ‘ууæндынц гуырдзиаг лидертæ европæйаг бæрзонд трибунæтæй ирон адæммæ ахасты сабырадон æмæ æфсымæрдзинады тыххæй æнæнхъæлæджы чи сæвзæрдысты сæ уыцы ныхæстыл.

Цхинвал, 2013 азы 25 апрель

 

30.04.2013