2012 азы 25 сентябры Гуырдзыстоны президент М. Саакашвили БНО ГА-ӕм сессийы йӕ раныхасы Уӕрӕсейы фӕаххосджын кодта «Гуырдзыстоны политикон процессыл бандавынмӕ бафӕлвӕрды тыххӕй, сӕрмагондӕй та арӕныл, куыд цыма Гуырдзыстоны оккупацигонд регионтӕ ӕфсад фылдӕр кӕнын ӕмӕ мастабон маневратӕ ауадзынӕй».
Куыд алы хатт, афтӕ та Гуырдзыстоны къухдариуагад уавӕр ӕгӕр драматизации кӕны. Гуырдзиаг-ирон ахастытӕ ивгъуыд ӕмӕ ныртӕккӕйы тыххӕй мифтӕ рымысынимӕ иумӕ Гуырдзыстон йӕ пропагандӕйы фӕд-фӕдылонӕй фӕпайда кӕны алыгхуызон конфликтон ситуацитӕй ӕмӕ сӕ фӕамоны, йӕхи интерестӕ ӕмӕ нысӕнттӕн пайдадӕр куыд вӕййы, афтӕ. Официалон Тбилисы тезистӕн сӕ фарс уӕлдай активондӕрӕй фӕхӕцынц Ныгуылӕны ӕмӕ уый фӕстӕхъыгагӕн, райхъуысынц куыд бӕрзонд бынӕттӕ чи ахсынц Европӕйы ӕмӕ АИШ уыцы политикты хъусынгӕнинӕгты нӕ, фӕлӕ ма иуӕй-иу дунеон организацитӕй дӕр.
Ӕхсин Хайди Тальявинийы къухдариуӕгадӕй Евроцӕдисы хӕдбар къамисы доклады хатдзӕгтӕ дунейон комкоммӕдӕр сбалвырд кодтой 2008 азы августы растдӕр гуырдзыстон кӕй уыдис агрессор ӕмӕ уыйфӕстӕйы ӕдзухон хӕстон цӕттӕдзинад мӕм Гуырдзыстоны «территориалон ӕнӕхъӕндзинад кӕй сӕндидздзӕнис, уый фӕдыл ӕртхъирӕнтӕм кӕд Хуссар Ирыстоны сӕ хъусдард бирӕ хӕттыты аздӕхтой, уӕддӕр сӕм, хъыгагӕн дунеон ӕмӕхсӕнад ӕмбӕлон хъусдард никуы аздӕхта.
Хуссар Ирыстоны ‘рдыгӕй ахӕм «Тӕссагдзинады» тыххӕй ма Гуырдзыстоны хицауад архайы ууыл, дӕр, цӕмӕй йӕхи сӕрмагонд адӕмы хъусдард аздаха ӕндӕры ‘рдӕм вазыгджын мидполитикон уавӕрӕй парламентон ӕвзӕрстыты агъоммӕ, кӕцыты гомгӕрцӕй равдыста Гуырдзыстоны садистон режим йӕ демакратон цӕсгомимӕ. Цӕмӕй ситуацийӕ ӕнтысгӕйӕ рахиза, уый тыххӕй официалон Тбилисы хъӕуы ӕттагон знаг ссарын. Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад бӕрндзинадимӕ зӕгъы уый ӕмӕ республикӕйы территорийыл ницахӕм мобилизации ӕмӕ ницы ӕфсӕддон службӕгӕнджыты нымӕцы рӕзт кӕй нӕ цӕуы. Хуссар Ирыстоны сты ӕрмӕстдӕр уыцы уӕрӕсейаг ӕфсӕддон континенты уыцы хӕйттӕ, кӕцыты тыххӕй ис дывӕрсыг уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырдтӕ. Ницахӕм уӕлӕмхас тыхтӕ нӕй республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад радон хатт сиды дунеон ӕмӕхсӕнадмӕ ӕмӕ БНО ГА 67-ом сессийы хайадисджытӕм, цъӕмӕй сӕ хъус ӕрдарой хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон гуырдзиаг ӕфсӕддонты нымӕц кӕй рӕзы, уымӕ, кӕцытӕ, иууыл ногдӕр истории куыд уынын кӕны, афтӕмӕй сты ӕцӕг серьезон тӕссагдзинад ӕмӕ дзурӕг сты гуырдзыстойнаг къухдариуӕгады реваншистон зӕрдӕйы уагыл ӕмӕ регионы проблемӕтӕ мӕм реалондзинад ницӕмӕ дарын ӕрмӕст гуырдзиаг призмӕты ‘хсӕн нӕ хъӕуы уынын.
Цхинвал, 2012 аз 26 сентябр