Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауыты комментарий

Европæйы Цæдисы Парламентон Ассамблейы зымæгон сессийы М. Саакашвилийы раныхасы фæдыл

Парламентон Ассамблейы сессийы президент Саакашвилийы раныхас, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис тенденциозон, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы тыххæй рагацау кæй сфæнд кодта, ахæм. Раст зæгъгæйæ, Гуырдзыстоны президенты дзыхæй, раздæр цы риторикæйыл хæст уыдис, уымæй дарддæр мах ногæй ницы фехъуыстам. Уый та у, Гуырдзыстоны хицауад бирæ азты хæст кæуыл у æмæ йæ кульминаци 2008 азы августы агрессии кæмæн ссис, уый.

Гуырдзыстоны президент та радон хатт Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы схуыдта оккупацигонд территоритæ. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты æмбарынад «оккупаци» æмæ «оккупацигонд территоритæ»-йæ пайда кæнын у æнæхъола ми, кæцыты фидарæй сбæлвырд кодтой хæдбар дунеон барады къабазы дунеон эксперттæ Женевайы дискусситы 20-æм раунды. Уæрæсейы тыххæй дзырд куы цæуа, уæд абонмæ дæр уый у Республикæ Хуссар Ирыстонæн стабилондзинады æмæ æдасдзинады иунæг-иу гарант æмæ ницы хуызы нæу, æлдар Саакашвили йæ цахæмæй уыны, ахæм. Йæ раныхасы уый бирæ дзырдта демократийы тыххæй, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, ницы загъта Гуырдзыстоны адæймаджы бартæ дæлдзиныг кæныны æбуалгъ фактты тыххæй. Хъыгагæн, мах уынæм ног гуырдзиаг хицауад дæр кæй у Саакашвилийы хъуыддæгтæ дарддæргæнæг. Уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ политикон мотивтæм гæсгæ амнисти цы ахæстытæн расидтысты, уыдонæй иунæг дæр Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг нæу.

Хуссар Ирыстонæн æмбæрстгонд нæу ахæм факт, зæгъгæ, кæд дунеон организацитæм, уыцы нымæцы ЕЦПА-мæ дæр Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ бирæ хæттыты хатыдысты, цæмæй сын раттой сæ позициты фæдыл раныхас кæныны бар, уæддæр ацы домæн æххæст ныкуы ‘рцыдысты. Афтæмæй, Гуырдзыстон иуварсонæй радзуры уавæры тыххæй йæхицæн пайдадæр куыд вæййы, афтæ.

 

Цхинвал, 2013 азы, 22 январь

 

22.01.2013