БНО ГА йæ пленарон 67-æм рабадты цы резолюци райста, уый фæдыл
2013 азы 13 июны Нью-Йоркы БНО ГА 67-æм пленарон рабадты ист æрцыдис Гуырдзыстоны резолюци Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдонты æмæ рæстæгмæ иу бынатæй иннæмæ сæ цæрæн бынæттæ цы адæймæгтæ аивтой, уыдон фæдыл. Рекомендацигæнæг характер кæмæн уыдис БНО ГА ахæм резолюцитæ ныр ист цæуынц фæд-фæдыл фондз азы дæргъы.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, нæ бæлвырд кодта, зæгъгæ, уыцы резолюциты ис иувæрсыг, хипайдайон балæуд, кæцыйæн иумиагæй ницы ис хъуыддаджы уавæрты æцæгдзинадимæ æмæ лигъдонты хъысмæтыл кæй тыхсы, уыимæ. БНО ГА 67-æм пленарон рабадты ист чи ‘рцыдис, уыцы резолюцийы тексты Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз нысангонд сты, куыд Гуырдзыстоны хæйттæ æмæ дзы, сæйраджыдæр, растдæр уымæ гæсгæ нæй æцæгдзинад. Цалынмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз, куыд хæдбар паддзахадтæ æмæ сын кæй ницы иудзинад ис Гуырдзыстоны арæзтадон территориалон фæлгæттимæ, уый нымад не ‘рцæуа, уæдмæ бындур нæй гуманитарон æмæ æндæр фарстатæ, уыцы нымæцы лигъдонты фæстæмæ раздахыны фарстæн дæр.
Хъыгагæн, резолюцийы автортæ æмæ йе ‘вварс цы бæстæтæ рахæцыдысты, уыдон бындуриуæг кæнынц Гуырдзыстоны иувæрсыг позицийæ æмæ цæстæнгасæй, иуварс баззадысты уыцы бирæ дæсгай мин ирæттæ, кæцыты бар-æнæбары бахъуыдис, этникон æгъдауæй сæ цæмæй ма асыгъдæг кодтаиккой, уый тыххæй Гуырдзыстонæй фæлидзыны сæр. Гуманитарон здæхт æрмæстдæр формалонæй кæмæн ис, уыцы резолюци æцæгæй та арæзт у дывæрсыг стандарты логикæйыл. Хъуыддагмæ ахæм балæудæн, кæй зæгъын æй хъæуы, ахадындзинад нæй. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн БНО ГА форматы хайадисджытæм сæ позици фæхæццæ кæныны фадат кæй нæй, уымæ гæсгæ документæн нæй объективондзинад. Лигъдæтты проблемæ политизаци кæнгæйæ, Гуырдзыстон Женевæйы дискусситы ацы тематикæйыл дзурын кæны хъуыды кæм нæй, ахæм хъуыддагыл æмæ хæдаразгæ ныхдуртæ æвæры ацы фарстатæ скъуыддзаг кæнынæн.
Хуссар Ирыстоны позици уыдис æмæ баззадис æнæивгæйæ-дунеон æппæт нормæтæ æххæст кæнын æмæ проблемæйы фæдфæдылонæй скъуыддзаг кæнынмæ æмæ иннæ фæрсты хъуыды дæр хынцгæйæ хуыздæр цахæм у, ахæм балæуд ссарын, афтæ ма æппæт адæймæгты, уыцы нымæцы 1992 азы æмæ уымæй размæ рæстæджы дæр иу бынатæй иннæ бынатмæ чи ацыдис, уыдоны нымæцы Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы амæттаг чи фесты, этникон æгъдауæй сæ асыгъдæг кæнынæй тас кæмæн уыдис, уыцы ирон лигъдæтты хъуыды нымайгæйæ дæр.
Цхинвал, 2013 азы 14 июнь