РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры комментари

Президенты Указы фæдыл РХИ Консулон агентад бакæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн консулон лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинад хынцгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы территорийыл РХИ Президент Тыбылты Леониды Указæй Дзæуæджыхъæуы горæты арæзт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентад.

Уæрæсейы Федерацийы территорийыл, сæрмагондæй та - Дзæуджыхъæуы горæты (РЦИ-Алани) - хуссарирыстойнæгтæн консулон уагдон бакæныны фарст боны фæткы лæууыдис, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастытæ арæзт куы ‘рцыдысты, уæдæй фæстæмæ.

Куыд уынæм, афтæмæй, консулон уагдон бакæнынæн уым бынат равзарын æнæнхъæлæджы нæ уыдис, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты зынгæ хай Цæгат Ирыстоны цæрынц, кæнæ та рæстæгмæ уым сты, æмæ ахæм уавæр хынцгæйæ, куыд зыны, афтæмæй, консулон уагдонæн бынат Дзæуæджыхъæуы равзарынæн Хуссар Ирыстоны хицауады куырдиатыл сразы Уæрæсейы къухдариуæгад, сæйраджыдæр уый тыххæй, цæмæй не ‘мбæстæгтæн ахадæндæрæй организацигонд цæуой консулон лæггæдтæ.

Дæргъвæтин рæстæджы лæмбынæг уынаффæ кæнын æмæ Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны æддагон-политикон уагдæтты хаххыл бакусгæйæ, консулон ахастыты 1963 азы 24 апрелы Венæйы конвенцийы уагæвæрдтæй пайда кæнгæйæ, Уæрæсе загъта йæ разыдзинад æмæ 2012 азы 4 сентябры ист æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Барамынд Дзæуæджыхъæуы горæты Республиикæ Хуссар Ирыстоны консулон округ бакæныны тыххæй. Йе скондмæ ма хауынц Дагъыстаны Республикæ, Мæхъæлы Республикæ, Кæсæг-Балхъары Республикæ, Хъæрæсе-Черкесты Республикæ, Республика Цæгат Ирыстон-Алани, Цæцæны Республикæ æмæ Ставрополы крайы территоритæ.

Консулон агентад у РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дæлбар организаци. Консулон агентады бындурон функцитæ сты Республикæ Хуссар Ирыстоны бартæ æмæ интерестæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстонæй æдтæ чи цæры, уыцы хуссарирыстойнæгты хъахъхъæнын.

Ныры онг ацы функциты иу хай æххæст кодта Дзæуæджыхъæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæрмагонд минæвар.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бахæсмæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кусы организацион хъуыддæгтыл, кæцытæ баст сты консулон агентады æмбæлон архайдимæ, цæмæй Республикæйон æдтæ чи ис, Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгтæн сæ бон уа, æмæ цæуой уырдæм документтæ легализаци кæнынимæ баст проблемæтæ, материалон фарстытæ, рæстæгмæ документ райсын, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг кæй у, уый чи бæлвырд кæны æмæ Республикæмæ фæстæмæ `рбаздæхынæн бар чи дæтты, ахæм документ райсынмæ æмæ а.д.

 

Цхинвал, 2012 азы 25 декабр

 

25.12.2012