Æртхъирæны мæйы 23-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ хайад райстой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнджыты Мемориал æмæ 5-æм скъолайы кæрты Мемориалон уæлмæрдмæ веноктæ æмæ дидинтæ сæвæрыны цытджын церемонийы, кæцы ацыд Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы боны æмæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сырæзтæй 31 азы рацыды цытæн.
Сообщения МИД РЮО
Æртхъирæны мæйы 21-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр райста йæхимæ Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Минæварады Сæрдар Хуссар Ирыстоны Драгослав Блажевичы æмæ СДÆК-ы Кавказы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны фарстыты фæдыл Минæвар Аньес Котуйы.
Æртхъирæны мæйы 15-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар видеоконференцийы хуызы хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзуапдæттæн коллегийы рабадты, кæцы уагъд æрцыд æддагполитикон уагдоны 2023 азы куысты фæдыл.
Рабадты ма хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады Сæрдар Республикæ Хуссар Ирыстоны Плиты Алан.
Æртхъирæны мæйы 15-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хайад райста хæстонтæ-интернационалистты цыртмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийы, кæцы ацыд Афганистанæй советон æфсæдтæ ракæнынæй 35 азы рацыды цытæн мадзæлтты фæлгæтты.
Цхинвал, 2024 азы æртхъирæны мæйы 15-æм
Тъæнджы мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста зонадон-практикон конференци «Украинæйы кризис: ратæдзæнтæ, райрæзты здæхт, геополитикон контекст»-йы, кæцы сорганизаци кодтой Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет (ХИПУ) æмæ Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Республикæ Хуссар Ирыстоны.
Тъæнджы мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр, 25 дипломатон миссийы сæрдары æмæ 44 паддзахады минæвæртты колоннæйы сæргъ лæугæйæ, хайад райста Ленинград блокадæйæ ссæрибар кæныны бонæй 80 азы рацыды охыл цытджын-фыдохы церемонийы.
Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй æрцыдысты æвæрд дидинтæ Пискарёвы мемориалон уæлмæрды Мад-Фыдыбæстæйы монумент æмæ мысæн дзæнхъа къæймæ, кæцы бакондæуыд блокадон Ленинград Ирыстонæй чи хъахъхъæдта, уыдон номыл.
Тъæнджы мæйы 23-æм бон Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Абхазы Боциты Олег хайад райста Абхаз æмæ Приднестровьейы 'хсæн Хæларад æмæ æмгуыстады фæдыл Бадзырд бафыссынæй 31 азы рацыды цытæн тымбыл фынджы куысты, кæцы сорганизаци кодтой Абхазы Президенты цур Стратегион иртæстыты центр æмæ Приднестровьейы Официалон Минæварад Абхазы.
Тъæнджы мæйы 12-15 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим бабæрæг кодта Республикæ Никарагуа. Балцы фæлгæтты ацыдысты фембæлдтытæ, сæ нымæцы Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Монкадаимæ, афтæмæй ма Республикæ Никарагуайы Президенты Уынаффæгæнæг инвестицитæ, базарад æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады фарстыты фæдыл Лауреано Ортега Мурильоимæ.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг-никарагуайаг дывæрсон æмгуыстады размæдзыды фарстытыл.
Цхинвал, 2024 азы тъæнджы мæйы 16-æм бон
2023 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ РХИ-йы ФХъМ-йы фæсарæйнаг уагдæттæ сæ хæслæвæрдтæм гæсгæ дарддæр кодтой сæ куыст Хуссар Ирыстоны интерестæ æхсæнадæмон аренæйы хъахъхъæнын æмæ размæ кæнын, Хуссар Ирыстонæн дипломатон ахастытæ цы паддзахадтимæ ис, уыдонимæ æмгуыстад фидар кæнын, афтæмæй ма æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фадгуыты.
Цыппурсы мæйы 22-æм бон ацыд Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы сывæллæтты шахмæтты командæты онлайн-турнир тагъд шахмæттæй.
Онлайн-турнир уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъæппæрисæй.
Шахмæтты федерациты фарсæрдыгæй мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Шахмæтты федерацийы сæрдар Сæулохты Георгий æмæ Никарагуайы Ахуырады министрады Шахмæтты программæйы национ директор Памела Арларкон.
Цыппурсы мæйы 15-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисон паддзахады Паддзахадон секретарь Дмитрий Мезенцевы фембæлд.
Æддагполитикон уагдоны сæрдар фехъусын кодта Цæдисон паддзахады Паддзахадон секретарæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты делегацийы æввахс рæстæджы æрцыд Беларусь æмæ Уæрæсейы Парламентон æмбырдмæ, кæцыйæн ис цæстдарæджы статус.
Цыппурсы мæйы 13-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта Республикæ Никарагуа æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 79 азы рацыды цытæн бæрæгбонон мадзал, кæцы ацыд Мæскуыйы.
Мадзалы фæлгæтты ацыд Министры фембæлд Республикæ Никарагуайы Президенты Уынаффæгæнæг инвестицитæ, базарад æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады фарстыты фæдыл Лауреано Ортега Мурильоимæ.