Сообщения МИД РЮО

Archive

4-5 октябры Женевæйы цæуы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон, 37-æм раунд. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг у РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.

4 октябры Хуссар Ирыстоны делегаци ауагъта дыууæварсон консультацитæ æхсæнадæмон организациты минæвæрттимæ. Боны дæргъы уагъд æрцæудзысты æртæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Абхазы делегацитимæ.

29 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кæрæдзимæ лæвæрд æрцыдысты, 2015 азы 18 февралы æрфыст Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн паддзахадон арæны тыххæй Бадзырды ратификацион грамотæтæ.

Ратификацион грамотæтæ кæрæдзимæ радтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. æмæ Статс-секретарь – Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры хæдивæг Карасин Г.Б.

Цхинвал, 2016 азы 29 сентябрь

 

27 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уыд фембæлд Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджытæн, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К., Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттимæ, Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинады фарстаты фæдыл уæрæсейаг делегацийы уæнгтимæ – СНГ бæстæты цыппæрæм департаменты директоры хæдивæг А.А. Двинянин æмæ Министры уынаффæгæнæг М.М. Кулахметовимæ.

20 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Игнатьев В.В., уый Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Республикæйы Боны 26 азы цытæн уагъд бæрæгбонон мадзæлттæм Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы делегацийы сконды.

Фембæлды хайад райстой РХИ ФХМ фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты хайады сæргълæууæг Санахъоты А.Г., Республикæ Хуссар Ирыстоны Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы Официалон минæварады Сæрдар Коцты Е.Э. æмæ ДМР ФХМ Протоколон ифтонгады управленийы хистæр Череш С.А.

20 сентябры г. Цхинвалы, Республикæйы Боны 26-æм афæдзы бæрæгбонон мадзæлтты фæлгæтты, къухтæ фыст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы æхсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ партнердзинады тыххæй Бадзырдыл.

Хуссарирыстоайнаг фарсæй Бадзырдыл йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Д.С., днестыргæройнаг фарсæй та - Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы Хицауады Сæрдар Прокудин П.Н.

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы æвдæм æрсидты `взæрстыты фæдыл

18 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы æвдæм æрсидты `взæрстыты хайад райстой, Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух чи цæры, кæнæ та хъæлæс дæттыны бон Республикæйы территорийыл чи уыд, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтæ.

Æвзæрстытæ сорганизаци кодта Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауадимæ активон æмархайды.

13-14 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон балцы уыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады Женевæйаг дискусситы æмсæрдæртты делегаци.

13 сентябры Æмсæрдæртты делегаци Цхинвалы фембæлд РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К. æмæ Женевæйаг дискусситы Хуссар Ирыстонæй хайадисджытимæ.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд ацы аз 4-5 октябрмæ снысангонд Женевæйаг дискусситы радон 37-æм раунды боны фæткыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К. Итали æмæ Сан-Мариномæ кусæгон балцы тыххæй

Кæронмæ бахæццæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К. кусæгон балц Итали æмæ Сан-Мариномæ.

Визиты фæлгæтты уыд фембæлдтытæ регионтæ Марке æмæ Венетойы политикон партитæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттимæ, цыран дзырд цыд æмгуыстад райрæзыны уæрæх спектры фарстатыл.

5 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон минæварады Сæрдар Коцты Е.Э.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы æхсæн дывæрсыг æмахастыты актуалон аспекттыл æмæ ма æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Цхинвал, 2016 азы 5 сентябрь

 

30 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. æмæ Министрады кусджытæ хайад райстой, Цхинвалы Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты хъæппæрисæй Æбæрæгæй сæфт адæймæгты æхсæнадæмон боны цытæн
уагъд мадзалы.

Баконд æрцыд фотонывты равдыст чиныг «Воспоминание длиною в жизнь»-æй, кæцы рауагътой хуссарирыстойнаг æнæпаддзахадон организаци «Память и Надежда» æмæ Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитет.

Цхинвал, 2016 азы 30 август

 

29 августы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Италийы Мауро Мурджиайы, кæцы æрцыд Цхинвалмæ кусæгон балцы.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Минæварады архайды фарстатыл. Мурджиа радзырдта йæ æрцыды сæрыл, сæрмагондæй, культурæ æмæ ахурады сферæйы проектты реализацийыл.
Джиоты М. мæсæллæй загъта, Италийы централон хайы æрцæугæ зæххæнкъуысты фæстиуæгæн цы бирæнымæц адæм фæзиан ис, уыдон бинонтæн.

Цхинвал, 2016 азы 29 август

 

26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл аст азы сæххæсты цытæн. Раст 8 азы размæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А. Медведев йæ къух бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ паддзахадон суверенитет банымайыны историон Барамындыл. Уымæн йæ размæ уыд хуссарирыстойнаг адæмы бирæазон тугкалæн тох Гуырдзыстоны ныхмæ сæрибар цард æмæ аккаг фидæны сæраппонд.