Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды тыххæй Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия А.М. Джиоева с Чрезвычайным и Полномочным Послом Боливарианской Республики Венесуэла в Республике Южная Осетия Х.Р. Саласаром Веласкесом

Хуымгæнæны мæйы 25-æм бон Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ.

Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн ахастыты райрæзтыл æмæ бадзырдтой иумæйаг фарстыты фæдыл дарддæры æмгуысткæнынадыл.

Фембæлды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Нарим æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Уынаффæгæнæг Уæрæсейы Федерацийы Уалыты Зара.

Цхинвал, 2023 азы хуымгæнæны мæйы 25-æм бон

25.04.2023