Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 78-æм азы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты Джиоты Æхсары æмæ Сергей Лавровы арфæйы телты фæдыл

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 78-æм азы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров арвыстой кæрæдзимæ арфæйы телтæ.

Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ арфæйы телы банысан кодта:

«Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон у нæ иумæйаг историйы уæлдай ахадгæ датæ. У кады, хæстон æмæ æмбæстагон хъæбатырдзинады бон. Уæд бирæнацион советон адæм фæрсæй- фæрстæм слæууыдысты 
фашизмы ныхмæ æмæ равдыстой сæ лæджыхъæд.

Махæй алкæмæндæр нæ хæс у æдзухдæр нæ зæрдыл дарын уыцы стыр лæгдзинад. Хъуамæ аккаг фæдонтæ уæм хъаруджынæй чи хæцыд, уæлахиз нын æппæтудæй чи хаста сабырдзинады, рæстдзинады æмæ царды сæраппонд, уыцы хъайтартæн.

Фидарæй мæ ныфс ис, Райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзт, лæгдзинад æмæ Хæстонты стыр бæрндзинад алыхатт дæр дæнцæг кæй уыдзысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ног фæлтæрæн».

Сæрмагондæй, Сергей Лавровы арфæйы телы дзырдæуы:

«Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон у советон адæмы хъæддыхдзинады æмæ лæгдзинады символ, уыдон фæуæлахиз сты сабыр, сæрибар æмæ æдас фидæны сæрвæлтау тохы. Ацы бон мах мысæм, хъаруджынæй æмæ удуæлдайæ цы хæстонтæ ‘рхастой уæлахиздзинад, уыдон рухс нæмттæ.

Ныфс дарын, Стыр Уæлахиз нын цы ныууагъта, уыдон, интеграцийы принциптæ хынцгæйæ, дарддæр дæр кæй уыдзысты уæрæсейаг- хуссарирыстойнаг ахастыты размæдзыдæн фидар бындур.

Хуссарирыстойнаг ветерантæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ фæрныгад».

 

 

09.05.2023