Хуымгæнæны мæйы 25-æм бон Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Алхас Квициниаимæ.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘хсæн хæларадон ахастыты дарддæры райрæзтыл.
Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Уынаффæгæнæг Уæрæсейы Федерацийы Уалыты Зара.
Цхинвал, 2023 азы хуымгæнæны мæйы 25-æм бон