Хуымгæнæны мæйы 21-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияйы фембæлд.
Фембæлды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Уынаффæгæнæг Уæрæсейы Федерацийы Уалыты Зара.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы ‘хсæн хæларадон ахастыты дарддæры райрæзтыл æмæ дывæрсон боны фæткы сæйрагдæр фарстытыл.
Цхинвал, 2023 азы хуымгæнæны мæйы 21-æм бон