Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестровьейы сывæллæтты командæты ‘хсæн шахмæттæй онлайн-турниры тыххæй

Онлайн-турнир по быстрым шахматам между детскими командами Южной Осетии и Приднестровья

Зæрдæвæрæны мæйы 7-æм бон Стыр Уæлахизы 78-æм азы боны хæдразмæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы сывæллæтты командæты ‘хсæн ацыдысты тагъд шахмæттæй хъæзтытæ. Уагъд æрцыдысты Абхазы, Хуссар Ирыстоны, Приднестровьейы сывæллæтты командæты æхсæнадæмон онлайн-турниры фæлгæтты. 

Онлайн-турнир ацыд Приднестровьейы Официалон Минæварады Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы Официалон Минæварады Приднестровьейы хъæппæрисæй.

Шахмæтты федерациты ‘рдыгæй мадзалы хайад райстой Сæулохты Георгий (Республикæ Хуссар Ирыстон) æмæ Галина Сапрыкина (Приднестроваг Молдаваг Республикæ).

Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестровьейы командæтæ ахъазыдысты 100 матчæй фылдæр. Хатдзæгтæ скæнгæйæ, уæлахиздзаутæ систы приднестроваг шахматисттæ.

Ерысты фæстæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады Сæргълæууæг Приднестровьейы Виталий Янковский хæрзиуджытæ æмæ лæвæрттæ скодта приднестроваг шахматисттæн.

Мадзалы ма хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады Сæргълæууæг Хуссар Ирыстоны Плиты Алан. Турнир ауадзынæн сын бынат лæвæрд кæй æрцыд, уый фæдыл Плиты Алан бузныджы ныхæстæ загъта Цхинвалы «Уырыссаг хæдзар»-æн æмæ сæрысуангæй йæ Сæргълæууæг Сергей Скворцовæн. 

Тирасполы приднестроваг шахматисттæ хъазыдысты Константин Затулины Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады институты филиалы бæстыхайы.

Цхинвал, 2023 азы зæрдæвæрæны мæйы 7-æм бон

07.05.2023