28 февралæй 3 мартмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдис Итали æмæ Сан-Маринойы делегаци Итали-Хуссар Ирыстоны хæлардзинады Æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиайы сæргълæудæй.
Делегацийы йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. Ныхасы рæстæджы банысан æрцыдис, бирæрæстæгмæйон интерестæн дзуапп кæй дæтты ахастыты дарддæры рæзт æмæ фидардæр кæнынæн, сæрмагондæй та Итали-Хуссар Ирыстоны хæлардзинады Æхсæнады базарадон-экономикон æмæ культурон къабæзты фæлгæтты.