Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары хайадисты тыххæй Бресты ацæугæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты Æппæтдунеон мысæн боны охыл мадзæлтты

Мемориальный комплекс «Брестская крепость-герой»
Митинг-реквием в Бресте
Митинг-реквием в Бресте
Военно-историческая реконструкция

Хурхæтæны мæйы 22-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр хайад райстой Бресты (Беларусь) ацæугæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты Æппæтдунеон мысæн боны æмæ белоруссаг адæмы геноциды охыл мадзæлтты.

Хуссар Ирыстоны адæмы номæй мемориалон комплекс «Бресты гæнах- хъайтар»-ы Æнусон артмæ сæвæрдæуыд дидинтæ.

Хæсты хъайтарты номыл мемориалон комплексы ацыд митинг-реквием «Фæмардуæвджыты ном аккагæй хæссут», зæгъгæ, афтæмæй ма Бресты гæнах- хъайтары Кобрины фидары хæстон- историон реконструкци.

Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй 82 азы рацыды охыл мадзæлттæм æрцыд 30 официалон делегацийæ фылдæр, се ‘хсæн Федерацийы Советы, Паддзахадон Думæйы, Æмцæдисон паддзахады Æнæаивгæ комитеты, Беларусь æмæ Уæрæсейы Фæдагурæн комитетты минæвæрттæ, æндæр уазджытæ.

Цхинвал, 2023 азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон

22.06.2023