Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг Иумæйаг демаркацион къамисы Æстæм рабадты фæстиуджыты фæдыл мыхуырæн хъусынгæнинаг

Южная Осетия и Россия

2023 азы хурхæтæны мæйы 5-9 бонты Цхинвалы ацыд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг Иумæйаг демаркацион къамисы (дæлдæр - Къамис) Æстæм рабадт.

Къамис æрдзырдта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæны æхсæнадæмон-барадон нысаниуæджы фæдыл.

Фембæлд ацыд хæларадон диалоджы хуызы.

Къамисы радон рабадт ацæудзæн Уæрæсейы Федерацийы территорийыл. Бынат æмæ рæстæг скъуыддзаг æрцæудзысты дипломатон минæвæртты фæрцы.  

09.06.2023