Сообщения МИД РЮО

Archive

7 марты Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. кусæгон фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы 39-æм раунды агъоммæ.

Фембæлды рæстæджы дзырдæуыд, ацы азы марты мæйы фæуды Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы ныхас цы проблемæтыл хъуамæ цæуа, уыдоныл.

5-7 марты Каракасы уагъд цæуынц Венесуэлæйы Президент Уго Чавесы мæлæтыл 4 азы сæххæсты боны цытæн мысæн мадзæлттæ.

Венесуэлæйы къухдариуæгады æрхуындмæ гæсгæ Каракасы ис Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци. Йе сконды сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Н.З.

5 марты делегацийы уæнгтæ хайад райстой цытджын церемонийы, кæцы уагъд æрцыд Команданте Чавесы марды саркофаг цы Революцийы музейы ис, уым.

13 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæрдар Нальан Антмены, уый йæ архайд Миссийы сæрдары бынаты фæуыд кæны.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады архайдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Г-жа Антмен радзырдта, Минæварад йæ мандаты фæлгæтты гуманитарон программæтæ куыд реализаци кæны, уый тыххæй æмæ сбæрæг кодта 2017 азмæ нывæзт.

8 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Игнатьев В.В. ныхас кодтой телефонæй.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы æхсæн дыууæварсон ахастытæ дарддæр райрæзыны фарстатыл. Банысангонд æрцыд æхсæнадæмон æмгуыстады фарстатæм иухуызон ахаст кæй ис республикæтæн, уый.

Дзырд ма цыд кæрæдзийæн цымыдис чи æвзарын кæны, ахæм фарстатыл.

Цхинвал, 2017 азы 8 февраль

 

2017 азы 9 февралæй 16 февралмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад исы куырдиæттæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады МГИМО(У) нысан бынæттæм конкурсон бындурыл равзарыны сæраппонд.

Конкурсон фæлвæрæнтæ конд уыдзысты беседæ æмæ фыссыны тестæй, кæцытæ уагъд цæудзысты «Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Мæскуыйы æхсæнадæмон ахастыты паддзахадон институты (Университеты) цы бынæттæ рахицæн кодтой, уырдæм конкурсон фæлвæрæнтæ уадзыны фæткы тыххæй» Уагæвæрдмæ гæсгæ.

2 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварад Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Сæрдар Коцты Егоры.

24 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. райста йæхимæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Гасситы З.Н.

Ныхасы рæстæджы Гасситы З.Н. радзырдта Министрæн 2016 азы Минæварад цы куыст бакодта, уый тыххæй. Уымæй дарддæр ма дзырд цыд Минæварады архайды перспективон здæхæнты тыххæй, уыдон хъуамæ ахъаз кæной Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстад æмæ интеграцийы дарддæр æмæ фидар кæнынæн.

Цхинвал, 2017 азы 25 январь

 

24 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Н.З.

Фембæлды рæстæджы Козаты Н.З. радзырдта Министрæн йæ визиты тыххæй Республикæ Никарагуамæ, цыран Минæвар хайад райста Никарагуайы Президент Даниель Ортегайы инаугурацийы церемонийы.

Банысангонд æрцыд нæ бæстæты æхсæн хæларадон ахастыты дарддæр райрæзыны охыл тыхтæ активизацийы ахсджиагдзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Референдум ауадзыныл 25 азы сæххæсты фæдыл

19 январы æххæст кæны дыууын фондз азы историон цау – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады референдумыл. Дыууын фондз азы размæ хуссарирыстойнаг адæм сæ паддзахаддзинад арæзтады фæндагыл акодтой хъысмæтскъуыддзаггæнæг къахдзæф. Æппæтадæмон хъæлæсæппæрсты рæстæджы, кæцы уагъд æрцыд æнæаиппæй юридикон нормæтæм гæсгæ бирæнымæц æхсæнадæмон цæстдарджыты цур, реализацигонд æрцыдысты нæ адæмы æнæисгæ бартæ хæдбардзинад, сæрибар æмæ æдас размæцыды фæндаг равзарыны бартæ.

18 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста хæдбар æхсæнадæмон эксперт Душан Игньятовичы, кæцы ОБСЕ-йы æрхуындмæ гæсгæ 2015 азæй архайы Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн цы хуссариыстойнаг æмбæстæгтæ фесæфт æбæрæгæй, уыдон ссарыныл.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæтыл æмæ ма эксперты дарддæры архайдыл 2017 азы.

Банысангонд æрцыд дыууæварсон тырнындзинад ахсджиаг гуманитарон проблемæйы аскъуыддзаг кæныны охыл конструктивон æмгуыстад адарддæр кæнынмæ.

10 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим хайад райста Даниель Ортегайы Никарагуайы Президенты бынатмæ бахызты кадджын церемонийы.

Церемони уыд Манагуайы Революцийы Фæзуатыл.

Козаты Нарим Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй Республикæ Никарагуайы Президент Даниель Ортегамæ Республикæ Никарагуайы Президент кæй сси, уый фæдыл арфæйы фыстæг радта.

Фыстæджы дзырдæуы:

30 декабры Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уыд æмбырд, цыран РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. ацæугæ азæн сарæзта хатдзæгтæ æмæ 2017 азы сæйраг хæстæ снысан кодта.

Министр банысан кодта, 2016 аз Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн кæй уыд æнтыстджын, уый, уымæн æмæ Министрад иумæйагæй сæххæст кодта РХИ уæвæг закъондæттынады бындурыл ын Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент йæ разы цы хæстæ сæвæрдта, уыдон.