Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Никарагуайы Козаты Наримы фембæлды тыххæй Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Арлетт Маренкоимæ

Нарим Козаев и Арлетт Маренко

Сусæны мæйы 17-æм бон Манагуамæ балцы фæлгæтты Сандинистон революцийы фæуæлахизы фæдыл бæрæгбонон мадзæлттæм ацыд Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Никарагуайы Козаты Наримы фембæлд Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Арлетт Маренкоимæ.

Фембæлды рæстæджы Козаты Нарим раарфæ кодта Никарагуайы адæмæн Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 44 азы рацыды цытæн æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй загъта зæрдæбын арфæтæ.

Дыууæ Фарс дæр æрдзырдтой дывæрсон æмгуыстады ныры уавæр æмæ йæ дарддæры райрæзтыл.

Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 18-æм бон

 

 

18.07.2023