Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы 58-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

Женевские дискуссии

2023 азы сусæны мæйы 11-12 бонты Женевæйы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раунд. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы, Иугонд Нациты Организацийы (ИНО) æмæ Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы (ЕÆÆО) минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.

Дискусситæ цыдысты дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинады æмæ гуманитарон фарстыты фæдыл.

Фембæлды хайадисджытæ ногæй банысан кодтой, Женевæйы дискусситæ кæй сты стабилондзинад бахъахъхъæныны фæрæз æмæ иунæг ахæм бынат, кæм ис æрдзурæн сæвзæргæ ахсджиаг фарстытыл, æмæ уыцы куысты рæстæгмæ æрлæуд тæссаг у регионалон æдасдзинадæн. Хайадисджытæ уыдысты уыцы хъуыдыйыл лæуд, цæмæй Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы фембæлдтытæ сарæх уой.

Фембæлдыл æппæрццагæй бандæвта Гуырдзыстоны цæуæг Уæрæсейы ныхмæ архайд, кæцыйы ис фенæн агресси Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘рдæм дæр. Уымæй дарддæр ма гуырдзиаг хайадисджыты фæндыд хъæрахсты митинг тбилисаг уынгтæй рахæссын Женевæйы дискусситæм, фæлæ уыцы хъуыддаг бынтондæр сæ къухты нæ бафтыд.

Дискусситы хуссарирыстойнаг, абхазаг æмæ уæрæсейаг хайадисджытæ сæйрагдæр хъусдард аздæхтой юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документы сырæзтмæ, кæцымæ гæсгæ хъахъхъæд цæуид Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы æдасдзинад,  Гуырдзыстонæн та нæ уаид тыхæй спайда кæныны бар. Ахæм документ суаид стабилондзинад бахъахъхъæнынæн æнæфæцудгæ бындур. Гуырдзыстоны минæвæрттæ цы деструктивон позицийыл хæст сты, уый цæлхдуртæ æвзæрын кæны ацы ахсджиаг фарст аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

Хуссарирыстойнаг, абхазаг æмæ уæрæсейаг хайадисджытæ æрсидтысты, цæмæй ацы ахсджиаг фадыджы куыст йæ цыд дарддæдæр кæна. Регионалон æдасдзинады хъуыддаджы хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг хайадисджытæ ахадгæ фарстыл нымайынц Гуырдзыстонимæ делимитаци æмæ уый фæстæ та демаркаци, кæцыйы фæрцы фæкъаддæр уаид æнæзакъонæй арæн ахизыны тыххæй цы æндыгъддзинад æвзæры, уый.

Хуссарирыстойнаг- гуырдзиаг паддзахадон арæны стабилондзинад æмæ æдасдзинады фарстытыл дзургæйæ, фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой, фæстаг рæстæджыты уавæр абаргæйæ сабыр кæй у, уый, уыимæ иумæ ногæй бафиппайдæуыд Женевæйы дискусситы къухдариуæгады бын хуссарирыстойнаг- гуырдзиаг арæны Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл механизмы эффективондзинад æмæ «тæвд хаххы» æнæрлæугæ куыст.

Бæстонæй æрдзырдæуыд гуманитарон фарстытыл. Сæрысуангæй, хъусдард аздæхтæуыд æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ. Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ бафиппайдтой, Гуырдзыстоны ныры хицауады ныфсытæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны хъуыддаджы бынтондæр ахъаз кæй не сты куысты хорз фæстиуджытæн. Хуссарирыстойнаг фарс æрсидт æхсæнадæмон минæвæрттæм, цæмæй фæразæнгард кæной Гуырдзыстоны, æмæ уыдон æрæвналой æбæрæгæй чи фесæфт, Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæнынмæ.

2023 азы хурхæтæны мæйы 7-æм бон ИНО-йы Генералон Ассамблейы Гуырдзыстоны разамындæй лигъдæтты фарстыты фæдыл цы резолюци райстæуыд, уый хынцгæйæ, ацы раунды лигъдæтты фарстыты тыххæй дискусси нал ацыд. Алы аз дæр Гуырдзыстон цы резолюцийы проект бадæтты, уый райст Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Уæрæсейы делегацитæ банымадтой куыд политикон къахдзæф, кæцы цæлхдуртæ æвзæрын кæны Женевæйы дискусситы фæлгæтты лигъдæтты гуманитарон фарстытæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Лигъдæтты фарстытыл ныхас сног кæныны фадат уыдзæн æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Гуырдзыстон ныууадза ацы проблемæйы политизаци кæнын.

Уымæй дарддæр ма ногæй хъусдард аздæхтæуыд Гуырдзыстон куыд дарддæр кæны йæ цыд тырсыгомы ирæтты барты ныхмæ, уымæ. Гуырдзиаг хицауад позицитæ кæй бацахста, уый фæдыл уыдонæн фæстаг азты дæргъы сæ бон нæу сæ райгуырæн уæзæгмæ фæстæмæ ‘рыздæхын.

Сæ хъуыдытæ ма загътой ахуырад, æнæниздзинадхъахъхъæнынад, культурон хæзнатимæ баст гуманитарон фарстыты фæдыл.

Дискусситы радон раунд нысангонд æрцыд 2023 азы цыппурсы мæймæ.

Женевæ, 2023 азы сусæны мæйы 13-æм бон

 

13.07.2023