Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары хайадисты тыххæй Бресты тымбыл фынджы куысты

Круглый стол в Бресте
Презентация книги

Хурхæтæны мæйы 22 -æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр хайад райстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ Бресты (Беларусь) белоруссаг адæмы геноциды амæттæгты Æппæтадæмон мысæн боны охыл тымбыл фынджы куысты, кæцы ацыд ахæм форматы, куыд «Минск- Брест- Мæскуы».

Тымбыл фынджы фæлгæтты ацыд «Æмцæдисон паддзахады библиотекæ», зæгъгæ, ахæм серийæ чиныг «Æмгъуыд сын нæй»-ы презентаци, кæцыйы бындурмæ бацыдысты Уæрæсе æмæ Беларусы фæдагурджытæ цы æрмæг æрæмбырд кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты советон адæмы массон æгъдауæй цагъды тыххæй, æппæт уыцы цаутæ.

Мадзалы хайад райстой Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахады Паддзахадон секретарь Дмитрий Мезенцев, УФ-йы Æддагон развæдсгæрсты службæйы директор, Уæрæсейаг Историон æхсæнады сæрдар Сергей Нарышкин, Уæрæсе æмæ Беларусы Фæдагурæн комитетты сæрдартæ Александр Бастрыкин æмæ Дмитрий Гора, Уæрæсе æмæ Беларусы Генералон прокурортæ Игорь Краснов æмæ Андрей Швед, Паддзахадон Думæйы Сæрдары хæдивæг Анна Кузнецова, кæцыдæр министрадты æмæ уагдæтты, афтæмæй ма Уæрæсе æмæ Беларусы регионты къухдариуæгадтæй минæвæрттæ.

Цхинвал, 2023 азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон

22.06.2023