Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн Мидхъуыддæгты органты ИИКЦ-йы сырæзты æмæ архайды фæткы фæдыл Фидыды бафыстæй 7 азы рацыды охыл цытджын мадзалы

Торжественное мероприятие по случаю 7-й годовщины подписания Соглашения между Южной Осетией и Россией о порядке формирования и деятельности СИКЦ органов внутренних дел

Сусæны мæйы 3-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион- координацион центры (ИИКЦ) сырæзты æмæ архайды фæткы фæдыл Фидыды бафыстæй 7 азы рацыды охыл цытджын æмбырды.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Уæрæсейы Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, тыхон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ.

Мадзалы фæлгæтты æрæмбырдуæвджыты рæгъмæ рахастæуыд ИИКЦ-йы сырæзты æмæ архайды фæдыл документалон киноныв, афтæмæй ма Иумæйаг информацион- координацион центры кусджытæн лæвæрд æрцыдысты уагдонон хорзæхтæ.

Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 4-æм бон

04.07.2023