Сусæны мæйы 11-15 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ хайад райстой Евразийы бæстæты Æвзонг дипломатты форумы, кæцы ацыд фестиваль «Манжерок»-ы фæлгæтты Хæххон-Алтайскы.
Мадзалы организатортæ уыдысты Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты совет Россотрудничество, парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ Республикæ Алтайы Хицауадимæ иумæ.
Форумы архайдтой 80 хайадисæгæй фылдæр, кæцытæ уыдысты 13 бæстæйæ, уыдон нымæцы Уæрæсейы Федерацийæ, Абхазæй, Арменийæ, Беларусæй, Казахстанæй, Киргизийæ, Молдавийæ, Монголийæ, Таджикистанæй, Узбекистанæй, Китайæ æмæ Сирийæ.
Форумы темæ уыд «Ног бирæполярон дунейы дипломати» æмæ йæ программæйы уыдысты экспертон сесситæ, кæцыты дзырд цыд Стыр Евразийы бæстæты ‘хсæн æмархайды актуалон фарстытыл, зæгъæм, Евразион экономикон цæдисы фæлгæтты æмгуыстад сфидар кæнын, Стыр Евразион партнерады сырæзт, «лæмæгъ тыхы» размæдзыд, ногдзинады райрæзт санкциты уавæрты.
Мадзалы хайадисджытæн видеосидты хуызы раарфæ кодта Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров, кæцы банысан кодта, Евразийы уæвæг хæлæрттæ æмæ æмцæдисонтимæ конструктивон æмгуыстад кæй у Уæрæсейæн æппæты ахсджиаг.
Форум у Уæрæсейы ФХъМ-йы реализацигонд «горизонталон дипломатийы» концепцийы ирд дæнцæг, кæцы фыццаджыдæр арæзт у æвзонг дипломаттæн фылдæр уавæртæ саразынмæ. Йæ нысан у, цæмæй хæларадон бæстæты æддагполитикон уагдæтты æвзонг кусджыты ‘хсæн ахастытæ бындуриуæг кæной æууæнк æмæ кæрæдзиæмбарынадыл.
Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 15-æм бон