Сусæны мæйы 19-æм бон Никарагуамæ балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим хайад райста Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 44 азы рацыды фæдыл цытджын мадзæлтты.
Сæйраг мадзал ацыд фæзуат «Parque de la Dignidad Nacional»-ы Манагуайы.
Цытджын митингы хайад райстой æхсæнадæмон уазджытæ, Никарагуайы аккредитаци чи рацыд, дипломатон корпусы уыцы минæвæрттæ, Никарагуайы хицауады уæнгтæ æмæ æхсæнад.
Уазджытæн раарфæ кодтой Никарагуайы Президент Даниэль Ортега æмæ Никарагуайы вице-президент Росарио Мурильо.
Козаты Нарим Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта националон бæрæгбоны фæдыл æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæм æмæ къухдариуæгад кæй сты Никарагуаимæ ахастыты дарддæры размæдзыды ‘вварс.
Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 20-æм бон