Хуссар Ирыстоны бæрæг кæнынц Фидауынгæнæджы бон.
1992 азы хурхæтæны мæйы 24-æм бон Уæрæсейы, Гуырдзыстоны, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сæргълæуджыты къухæй бафыстгонд гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны сæйраг принципты фæдыл Фидыдыл бындуриуæггæнгæйæ, 1992 азы сусæны мæйы 14-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ конд æрцыдысты Сабырад бавæрыны æмхæццæ тыхтæ.
16 азы дæргъы æххæстгонд цыд фидауынгæнæн операци, æмæ уыцы уæрæсейаг, ирон æмæ гуырдзиаг батальонтæй арæзт хæстон тыхтæ æндыгъд уавæрты уыдысты сабырад æмæ æдасдзинады æппæты фидардæр гарант.
2008 азы майрæмы мæйы 8-æм бон Цхинвалы уæвæг фидауынгæнæн батальон фыццаг сæмбæлд гуырдзиаг æфсадыл. Уыцы батальон конд уыд гуырдзиаг фидауынгæнæн тыхтæй дæр, кæцытæ систой хæцæнгарз сæхиуæтты ныхмæ.
Сæ бæрнон хæс уæрæсейаг æмæ ирон фидауынгæнджытæ сæххæст кодтой кæронмæ.
Хуссар Ирыстоны адæмæн фидауынгæнæн операцийы райдианы бон бирæазон зындзинæдтæ æмæ зиæнтты фæстæ æнустæм уыдзæн сабырад æмæ æдасдзинады символ.
Абон Республикæйы аргъуанты ацыдысты фæмардуæвæг хъайтартæ-фидауынгæнджыты номарæн службæтæ.
Ацыд фидауынгæнæн тыхты солдаттæ æмæ офицерты цыртдзæвæнмæ веноктæ æмæ дидинтæ сæвæрыны церемони.
Церемонийы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ.
Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 14-æм бон