Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурхан хайад райста Стамбулы «Уæрæсейы хæлæртты клубы» рабадты

Бурхан Хоситы, Андрей Буравов и Алексей Швед

Сусæны мæйы 7-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурхан Уæрæсейы Генералон Консул Стамбулы Андрей Буравовы хуындæй хайад райста «Уæрæсейы хæлæртты клубы» рабадты Стамбулы.

Мадзалы ма хайад райстой Республикæ Абхазы Æххæстбарджын Минæвар Турчы Республикæйы Ибрахим Авидзба æмæ Турчы Абхазаг культурон центрты федерацийы Минæвар Мурат Махария, афтæмæй ма Республикæ Беларусы Генералон Консул Стамбулы Алексей Швед.

Андрей Буравов банысан кодта, Ныгуылæны ‘рдыгæй Уæрæсейыл æндæвдады ныры уавæрты,  «Уæрæсейы хæлæртты клубы» проект кæй хъуамæ фенын кæна культурон тыгъдады иудзинад æмæ æхсæнадæмон æмгуыстад, афтæмæй ма сфидар кæна ахастытæ Туркимæ.

«Уæрæсейы хæлæртты клуб» арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй æмæ йæ сæйраг нысан у уæрæсейаг культурæ апарахат кæнын æмæ адæмыхаттыты ‘хсæн ахастытæ сфидар кæнын. Йæ фарсмæ сты УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Россотрудничество, уæрæсейаг политикон æмæ æхсæнадон организацитæ.

Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 8-æм бон  

 

08.07.2023