Сообщения МИД РЮО

Archive
Церемония возложения цветов

Джеоргуыбайы мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр Уæрæсейы Федерацийы уæвæг Республикæ Никарагуайы Минæварады хуындæй хайад райстой Сандинистон Адæмон Революцийы Раздзог Команданте Карлос Фонсека Амадоры номыл дидинтæ сæвæрыны церемонийы.

Никарагуайы хъайтары трагикон амæлæты бонæй 48 азы рацыды охыл мадзал ацыд Мæскуыйы Хæларады Парчы.

Встреча А. Джиоева со студентами МГИМО

Джеоргуыбайы мæйы 7-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Мæскуыйы кусæгон балцы уæвгæйæ, бабæрæг кодта Уæрæсейы ФХъМ-йы Æхсæнадæмон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институт (университет), цыран фембæлд Хуссар Ирыстонæй студенттимæ.

Фембæлды хайад райстой ÆАМПИ-йы Æхсæнадæмон управленийы Сæргълæууæг Егор Андреев, ÆАМПИ-йы фæсивæдон политикæ, социалон фарстатæ æмæ æхсæнадæмон бастдзинæдты фæдыл Проректор Станислав Суровцев, ÆАМПИ-йы цур Ректораты Уынаффæгæнæг Андрей Решетняк æмæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Уынаффæгæнæг Уæрæсейы Денис Долгушев.

Женева

2024 азы джеоргуыбайы мæйы 5-6 бонты Женевæйы ИНО-йы Нациты галуаны ацыд Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 62-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ.

Ялтинский международный форум

Джеоргуыбайы мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста пленарон рабадт «Хъырым- Уæрæсейы форпост раст дунеарæзтады фæдыл тохы»-йы, кæцы цæуы Ялтæйы æхсæнадæмон форум (ЯÆФ) – 2024 «Хъырымы хæлæрттæ – Уæрæсейы хæлæрттæ»-йы фæлгæтты джеоргуыбайы мæйы 6-7-æм бонты Мæскуыйы. 

Мадзалы ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты (ХИПУ) Ректор Тедеты Вадим æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты раздæры министр Медойты Дмитрий. 

Ахсар Джиоев и Драгослав Блажевич

Джеоргуыбайы мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Минæварады Сæрдар Драгослав Блажевичы йæ хæстæ кæронмæ бахæццæ кæныны фæдыл. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл СДÆК-ы Минæварады куыстмæ уæзгæ хайбавæрды фæдыл Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта Драгослав Блажевичæн æмæ йын раарфæ кодта дарддæры æнтыстыты фæндиæгтимæ.

Д. Блажевич дæр бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг фарсæн æнтысджын æмгуыстады фæдыл.

Научная конференция в ЮОНИИ

Кæфты мæйы 31-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста зонадон конференци «Уæрæсемæ Ирыстоны æрбаиуыл 250 азы сæххæст»-ы, кæцы ацыд Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты (ХИЗИИ).

Мадзалмæ ма хуынд æрцыдысты РХИ-йы парламенты Вице-спикер Тадтаты Таймураз, Цхинвалы уæвæг Уырыссаг хæдзары Сæрдар Сергей Комиссаров, æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайады къухдариуæггæнæг Тыбылты Леонид.

Пресс-конференция

Кæфты мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференци, кæцыйы дзырд цыд Мæскуымæ балцы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды фæстиуджытыл.

Кæфты мæйы 8-æм бон Цхинвалы ацыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ.

Фембæлд ацыд Женевæйы дискусситы 62-æм раунды хæдразмæ æмæ дзы дзырд цыд æрцæугæ раунд ауадзыны фарстатыл. 

Кæфты мæйы 7-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ. 

Æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг радзырдта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды фæстиуджыты фæдыл, кæцы ацыд кæфты мæйы 4-æм бон. 

Ахсар Джиоев вручил Орден Дружбы Алхасу Квициниа

Кæфты мæйы 4-æм бон Хуссар Ирыстоны Минæварады Уæрæсейы ацыд схорзæх кæныны цытджын церемони. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы адæмы ‘хсæн ахастытæ фидар кæныны фæдыл схорзæхджын кодта Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Алхас Квициниайы Хæлардзинады Орденæй. 

Схорзæх кæныны церемонийы уыд Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамба. 

Алхас Квициниа бузныджы ныхæстæ загъта хорзæхы фæдыл æмæ банысан кодта иумæйаг куысты ахсджиагдзинад. 

VIII Евразийский Форум молодых дипломатов

Кæфты мæйы 4-æм бон Æвзонг дипломатты VIII Евразиаг форумы программæйы фæлгæтты ацыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы минæвæртты дывæрсон консультацитæ. Коллегæтæ æрдзырдтой Æвзонг дипломатты советы фадыджы æмгуыстадыл æмæ дарддæры фæстиуæгджын æмархайдыл.

Встреча Ахсара Джиоева и Сергея Лаврова

Кæфты мæйы 4-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд. 

Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй фембæлды хайад иста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр. 

Æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг дывæрсон ахастыты актуалон фарстатыл, æхсæнадæмон æмæ регионалон проблемæтыл.