Зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны цытæн Анахарсисы номыл Республикон библиотекæйы ацыд интеллектуалон хъазт «Брейн-ринг», кæцы бацæттæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Æвзонг дипломатты совет.
Хъазты хайад райстой Республикæйы цыппар уагдоны æвзонг кусджыты командæтæ: Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрад, Финансты министрад æмæ Хицауады Аппарат. Цалдæр раунды дæргъы хъазты хайадисджытæ дзуапп дæттой Ирыстоны культурæ, истори, æгъдæуттæ, æвзаг æмæ литературæимæ баст фарстатыл.
Уæлахиздзау ссис Хицауады Аппараты командæ. Хъазты хайадисджытæ иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Æвзонг дипломатты советæй зæрдылдарæн грамотатæ æмæ лæвæрттæй.
Æвзонг Дипломатты советы сæрдар Санахъоты Алексей бузныджы ныхæстæ загъта Республикон библиотекæйы къухдариуæгадæн æмæ «Брейн-ринг»-ы æппæт хайадисджытæн, афтæмæй ма йæ ныфс ис, ахæм хъазтытæ кæй суыдзысты æдзухон.
2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон