Зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон – Гуырдзиаг агрессийы амæттæгты мысæн бон

Годовщина Зарской трагедии
Годовщина Зарской трагедии
Годовщина Зарской трагедии
Годовщина Зарской трагедии
Годовщина Зарской трагедии
Годовщина Зарской трагедии
Годовщина Зарской трагедии
Годовщина Зарской трагедии

1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Зары «царды фæндагыл» гуырдзиаг хæстонтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты.

Ацы æбуалгъ фыдракæнды амæттæгтæ систы 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, кæцытæ мард æрцыдысты ирæттæ кæй сты, æрмæстдæр уый тыххæй.

Гуырдзиаг фашистон режим æндæр æмæ æндæр азты цыдæриддæр тугамæхст фыдракæндтæ фæкодта ирон адæмы геноциды политикæйы рæстæджы, уыдоны 'хсæн Зары трагеди хицæн кæны уæлдай æгъатырдзинадæй. Адæймагады ныхмæ иннæ карздæр фыдракæндтимæ иумæ нæй рох гæнæн ацы трагедийæн дæр.

Ирон адæм цæрынц ацы трагедийы рыстæй, иу уысм дæр нæ рох кæнынц æбуалгъдæр фыдракæндты æгъатырдзинад.

Зары трагедийæн абоны бон дæр кæй не ‘рцыд раст политикон-барадон аргъ æхсæнадæмон аренæйы, æмæ фыдгæнджытæ та аккаг æфхæрд кæй нæ баййæфтой, уымæ нæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм ныфс нæ сафынц, рæстдзинад кæй сног уыдзæн.

Ныры уавæрты ис бынат факттæ басусæг кæнынæн, истори сзыгъуыммæ кæнынæн, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, ирон адæм сæ зæрдыл дарынц 1992 азы Зары трагедийы уæззау бонтæ, сæ фидæн аразынц историйыл бындуриуæг кæнгæйæ, цæмæй тугамæхст трагедитæн æрцæуæн мауал уа.

Зары хъæуы трагедийы бынаты фæмардуæвджыты рухс номыл æвæрд æрцыд мемориал «Хъынцъымгæнаг мад». Æрвылаз дæр ацы бынаты æрæмбырд вæййынц адæм, цæмæй иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссарой канд Зары фæндагыл æнæаххосæй фæмардуæвджыты рухс нæмттæ нæ, фæлæ ма æндæр æмæ æндæр азты ирон адæмы геноциды гуырдзиаг агрессорты къухтæй чи фæмард, йæ Фыдыбæстæйы хæдбардзинады сæрыл тохы чи ратта йæ цард, уыдон рухс нæмттæ дæр. 

Хъынцъымы мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ.

2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон

20.05.2025