Зæрдæвæрæны мæйы 14-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Абхазы фыццаг Президент, зынгæ паддзахадон æмæ политикон архайæг Владислав Ардзинбайы райгуырдæй 80 азы рацыды охыл цытджын мадзалы, кæцы сарæзта Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Республикæ Абхазы Минæварад.
Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Хуссар Ирыстоны Экс-президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты экс-министртæ Джиоты Мурæт æмæ Медойты Дмитрий, Республикæйы министрадты æмæ уагдæтты, зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ Хуссар Ирыстонæй.
Мадзал бакодта Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан, кæцы банысан кодта Владислав Ардзинбайы стыр хайбавæрд абхазаг паддзахады рæзтмæ, кæй ссис 1992-93 азты абхазаг адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахиздзинад æмæ национ-сæрибаргæнæг змæлды символ.
Гаглойты Алан банысан кодта, Владислав Ардзинба кæй у стыр лæгдзинады дæнцæг, кæй дзы сæмбырд сты национ раздзогы æппæты хуыздæр миниуджытæ, афтæмæй ма бахахх кодта, йæ ном æнустæм кæй баззайдзæн канд Абхазы нæ, фæлæ æппæт Кавказы историйы дæр.
Абхазы фыццаг Президенты тыххæй сæ мысинæгтæ радзырдтой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты экс-министр Джиоты Мурæт æмæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент Цыбырты Людвиг. Владислав Ардзинбайы тыххæй загъд æрцыд бирæ хорз ныхæстæ мадзалы хайадисджыты ‘рдыгæй.
2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 14-æм бон