Рухæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар аль-Джаафариимæ, кæцы делегацийы сæргъ æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны бонæй 34 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ.
Фембæлды ма хайад райстой Нофаль Кальтум – Уæрæсейы Федерацийы Уæвæг Сириаг Араббаг Республикæйы Минæварады кусæг æмæ Санахъоты Алексей – РХИ-йы ФХъМ-йы фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар.