Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ

Президент Республики Южная Осетия А.Э. Гаглоев провел встречу с Министром иностранных дел Республики Южная Осетия А.М. Джиоевым

Рухæны мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойы Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ.

Æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг радзырдта хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон балцы фæдыл Республикæ Абхазмæ, цыран бæрæг цыдысты Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй хæдбардзинады банымадæй 16 азы рацыды цытæн мадзæлттæ. Кусæгон балцы фæлгæтты РХИ-йы ФХъМ æмæ РА-йы ФХъМ-йы ‘хсæн бафыстгонд æрцыд Консультациты пълан.

Фембæлды рæстæджы ма æрдзырдæуыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, афтæмæй ма фæсарæйнаг уагдæтты куысты фæдыл.

Паддзахады сæрдар хъус æрдардта æддагон политикæйы фарстатæм. Уæлдай хъусдард аздахтæуыд ФХъМ-йы хаххыл Уæрæсейы Федерациимæ æмахастытæ хуыздæр кæнынмæ.

Цхинвал, 2024 азы рухæны мæйы 5-æм бон

05.09.2024