Новости

Archive
Мероприятия к 34-й годовщине принятия Акта провозглашения независимости Южной Осетии

Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ хайад райстой Республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы цыртмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийы, кæцы ацыд Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акты райстæй 34 азы рацыды цытæн.

Ахсджиаг боны фæдыл РХИ-йы Парламенты ацыд æхсæнады минæвæртты цытджын æмбырд.

2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовы.

Президент РЮО А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы бæрæгбоны цытæн!

Паддзахадон управленийы уæ куыстæн ис уæлдай ахсджиаг нысаниуæг, æхсæнадæмон аренæйы бæстæйы национ интерестæ размæ кæнын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенитет хъахъхъæныны хъуыддаджы у сæйраг иуæг. Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон курсы реализаци, фæсарæнты не ‘мбæстæгты интерестæ æмæ бартæ хъахъхъæнын, фæсарæйнаг партнертимæ фæстиуæгджын æмархайд сфидар кæныны хъуыддаджы сымахыл æвæрд ис стыр бæрндзинад.

МИД Южной Осетии

1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 28-29-æм бонты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы тæккæ тæмæны Цхинвалы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сесси, кæцыйы рæстæджы ист æрцыд Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт. 

Ацы историон къахдзæф бындуриуæг кодта 1992 азы референдумы хатдзæгтыл æмæ, æхсæнадæмон барады æппæт нормæтæн дзуапп дæтгæйæ, ист æрцыд хи паддзахаддзинад саразынæн. Æрмæстдæр афтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ бон уыд сæ бартæ æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæнын. 

Зæрдæвæрæны мæйы 21-22 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Коцты Заринæ Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Уæлдæр советы Бюройы уæнг Андрей Климовы хуындæй хайад райста Евразиаг æдасдзинады фæдыл дыккаг дунеон æхсæнадон-политикон форумы, кæцы ацыд Пермы. 

Секци «Евразиаг æмгуыстады ног архитектурæ арæзтады политикон-барадон фарстатæ»-йы фæлгæтты Коцты Заринæ рæгъмæ рахаста доклад ахæм темæимæ: «2008 азы майрæмты мæйы фæстæ Хуссар Ирыстонæн æдасдзинады стратегион архитектурæ арæзтады политикон-барадон фарстатæ». 

Последний звонок в средней школе №6

Зæрдæвæрæны мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Бекъойты Эдуарды номыл 6-æм скъолайы фæстаг дзæнгæрæг раттыны фæдыл цытджын мадзалы. 

Мадзалы хайад райстой ахуырдзаутæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ цытджын уазджытæ. Министр раарфæ кодта рауагъдонтæн, йæ зæрдæ сын загъта æнæниздзинад æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ. Ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн та бузныджы ныхæстæ загъта рæзгæ фæлтæры хъомылад æмæ ахуырадмæ уæзгæ хайбавæрд бахæссыны фæдыл. 

2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 25-æм бон

34-я годовщина Зарской трагедии

1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон – æнустæм сау дамгъæтæй æрцыд фыст Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы. Ацы бон гуырдзиаг хæстонтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты. Ацы æбуалгъ фыдракæнды амæттæгтæ систы 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны Республикæйы скъолаты 9-11 къласты ахуырдзауты ‘хсæн видеоэссейы конкурс «Хæдбардзинады бæрн: Хуссар Ирыстоны фидæн – фæсивæды къухы» / «Независимость – это ответственность: будущее Южной Осетии в руках молодежи» ауадзыны фæдыл, кæцы ацæудзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны фæдыл Акт райсыны боны цытæн. 

Конкурсмæ ист цæудзысты эссетæ иронау æмæ уырыссагау (хайадисæгæй иу куыстæй фылдæр нæ), афтæмæй ма автор йæ эссейæ хай кæм кæсы, уыцы видеоæрмæг. 

Торжественный прием по случая 81-й годовщины Победы в ВОВ

Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 81 азы рацыды цытæн цытджын райст, кæцы сарæзта Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Хуссар Ирыстоны.

2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон

Мероприятия по случаю 81-й годовщины Победы в Великой Отечественной войне

Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон Хуссар Ирыстоны ацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 81 азы рацыды цытæн мадзæлттæ.

Цхинвалы Кады аллейы Æнусон арты раз ацыд СФХ-йы азты фæмардуæвджыты цыртдзæвæнмæ дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрыны церемони. Æрæмбырдуæвджытæ иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс ном.

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 81 азы рацыды цытæн рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ, кæцыйы, сæрмагондæй, банысан кодта, ветеранты сгуыхтдзинад, се 'гæрон уарзт Фыдыбæстæмæ æмæ хъайтардзинад абоны бон дæр кæй у нæ паддзахадты ‘хсæн хæларадон ахастыты размæдзыдæн ирд дæнцæг. Афтæмæй ма бахатыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрæг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн загъд æрцæуой стыр бузныджы ныхæстæ æмæ фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгады фæндиæгтæ.