Арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицмæ Республикæ Абхазы Паддзахадон тырысайы боны цытæн

А.М. Джиоев и О.М. Барциц

Республикæ Абхазы Паддзахадон тырысайы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицмæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Паддзахадон тырыса у абхазаг адæмы хæдбардзинад, суверенитет æмæ хъайтарон историйы уаз символ. Тырыса сæрыстырæй фæйлауы æмæ зæрдыл лæууын кæны Апсныйы хъæддыхдзинад æмæ æнгомдзинад. Ацы ахсджиаг бон у Республикæ Абхазы æнтысджын размæдзыды æвдисæн».

23.07.2026