Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн Республикæ Наоэройы уынаффæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ дипломатон ахастытæ æрлæууын кæныны фæдыл

МИД Южной Осетии

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ хъус æрдардта Республикæ Наоэройы (раздæры Науру) хицауады Республикæ Хуссар Ирыстонимæ дипломатон ахастытæ æрлæууын кæныны уынаффæмæ, кæцыйы бæрæг бæлвырдæй уынæм æддагон æндæвдад.

Ацы къахдзæф нæу дывæрсон ахастыты фæстиуæг. Уæвæг информацимæ гæсгæ, бирæ рæстæг Наоэройы хицауадыл цыд æндæвдад. Бæрæг у, æмæ Гуырдзыстон ныгуылæны структурæты æххуысæй пайда кæны æппæтæй дæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны фæиппæрд кæна æхсæнадæмон аренæйæ. Ахæм архайдтытæ дзурæг сты, цы зын уавæрты кусынц чысыл сакъадахон паддзахадтæ, ууыл.

Национ интерестыл бындуриуæг кæнгæйæ, кæцыфæнды паддзахадæн дæр ис йе ‘ддагон политикæйы ахсджиаг здæхтытæ æвзарыны суверенон бар. Фæлæ, хъыгагæн, 2009 азы Наоэро цы уынаффæ рахаста, уый ивд æрцыд æддагон æндæвдады бын.

Дипломатон ахастытæ канд гæххæттыл не сты, фæлæ ма æвдисынц политикон куырыхондзинад æмæ паддзахады хæдбардзинад. Хуссар Ирыстон алыхатт дæр аргъ кодта Наоэройы æххуысæн, кæцы 2008 азы майрæмты мæйы фæстæ зын историон рæстæг банымадта Республикæйы хæдбардзинад.

Æппæт уавæртæм нæкæсгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстон дарддæр кæны йе 'хсæнадæмон банымады, рæстдзинад æмæ адæмы бартæн цыт кæныны принциптæ цы паддзахадтæн сты ахсджиаг, уыдонимæ бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фæдыл куыст. Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæ нæу баст хицæн паддзахадты уынаффæтыл. Нæ сæйрагдæр æмцæдисон – Уæрæсейы Федераци, æмæ нæ республикæйы суверенитет та бындуриуæг кæны адæмы уынаффæйыл, кæцыйæн нæй фæивæн æддагон тыхты, уый хыгъд «коллективон Ныгуылæн»-ы æндæвдад æмæ тбилисаг эмиссарты архайдтытæй.

Хуссар Ирыстоны дипломатон тыгъдадæй фæхицæн кæнынæн Гуырдзыстоны архайдтытæ сты уæвæг æцæгдзинадимæ æнæфæстиуæгджын тох кæныны фæлварæнтæ æмæ никуыд æндавынц Хуссар Ирыстоны æцæг статусыл.

2026 азы сусæны мæйы 31-æм бон

31.07.2026