Венесуэлæйы национ хъайтар Симон Боливары Райгуырæн боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Феликс Рамон Пласенсия Гонсалесмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Симон Боливары ном фидарæй баст у Латинаг Америкæйы адæмы хъайтарон тохимæ сæ сæрибардзинад, хæдбардзинад æмæ суверенитеты сæраппонд. Йæ фæстæ цы рæстдзинад æмæ иудзинадмæ тырнынады хæзнатæ ныууагъта, уыдон дарддæр дæр æнгом кæнынц адæмы. Сæрибар æмæ рæстдзинадмæ чи тырны, уыдонæн сты уæлдай ахсджиаг».